филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:57 вторник, 21 мая 2024
26 августа 2022, 11:54
Мæскуыйы гастрономон фестиваль «Вкусы России»-йы Цæгат Ирыстон традицион чъиритæй æмæ цыхтæй уæлдай ма равæрдта мыд

Уый ууыл дзурæг у, æмæ мыддарыны къабаз республикæйы ног æмвæзадмæ кæй рацыд

Мæскуыйы гастрономон фестиваль «Вкусы России»-йы Цæгат Ирыстон традицион чъиритæй æмæ цыхтæй уæлдай ма равæрдта мыд. Уый ууыл дзурæг у, æмæ мыддарыны къабаз республикæйы ног æмвæзадмæ кæй рацыд. Ахæм хатдзæгтæ къухы æфтынц, мыды куыст чи кæны, уыцы адæмы стыр фæллойы, стæй паддзахадон æххуысы фæрцы.

Зын бауырнæн у, фæлæ ма цалдæр азы размæ дæр Томайты Мæирбег мыдыбындзыты тыххæй ницы зыдта, уыимæ ма сæ йæ сабибонтæй тæрсгæ кодта. Фæлæ пенсийы куы рацыд, уæд фæлтæрдджын мыдгæсты ныхæстæм йæ хъус æрдардта æмæ балхæдта фыццаг 4 мыдычыргъæды. Фæстæдæр та ма йын бантыст милуан æмæ 500 мин сомы грант райсын дæр.

Ныртæккæ Хæрисджыны Мæирбегмæ ис 100 мыдычыргъæдæй фылдæр. Сабыргай ахуыр кæны ацы къабазы сусæгдзинæдтæ – мыдыбындзыты куыд æфсадын хъæуы, дзæбæх кæнын, стæй ма иннæ хъæугæ зонындзинæдтæ. Арæх быдырты пестицидтæй куы бакусынц, уый фæстæ бындзытæ амæлынц. Фæлæ хæххон хъæуы ахæм лыггæнинаг фарста нæй. Ис æндæртæ. Зæгъæм, сыхаг мыдыбындзыты æрбабырст.

Мæирбеджы фарсмæ йæ кæстæр Умар. Лæппу дæр мыддарыны куыстмæ фемхиц. Æнцон архайд нæу, фæлæ йæ хатдзæг та – зæрдæмæдзæугæ. Хæххон мыды хæрзхъæддзинад иннæтæй хицæн кæны.

Мичуриныхъæуы та сæвзæрд фæлтæрдджын мыдгæсты кооператив. Баиу кæныны хъуыды сын бацамыдтой хъæууон хæдзарады министрады. Фыццаг иугондмæ бацыд 7 фермеры.

Ныртæккæ кооперацийы кусы 20 мыдгæсæй фылдæр. Мыдыбындзыты 600 бинонтæ афæдзмæ дæттынц 15 тоннæйы мыд. Фермæты пайда кæнынц нырыккон мыдычыргъдтæй. Фæзындысты грант «Агростартап»-ы фæрцы.

Æрæджы кооперативы минæвæрттæ æрыздæхтысты Мæскуыйæ гастрономон фестиваль «Вкусы России»-йæ. Республикæ дзы равæрдта ирон чъиритæ, цыхт æмæ мыд. Афтæмæй Ирыстоны мыд дæр тырны национ бренд суæвынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania