филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 суббота, 18 мая 2024
03 июня 2019, 17:30
Мæскуыйы цæуы чингуыты фестиваль «Сырх фæзы»

Мæскуыйы цæуы чингуыты фестиваль «Сырх фæзы». Арæзт цæуы фæндзæм хатт. Ацы аз уыдзæн æхсæз боны, кæронбæттæны та сараздзысты, Александр Пушкины райгуырдыл 220 азимæ баст мадзал. Бæстæйы сæйрагдæр фæз «Сырх фæзы» быруйы алыварс равæрдтой чингуытæ. Архайынц дзы куыд зындгонд рауагъдæдтæ, афтæ, ныридæгæн уыцы хъуыддаджы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæмтæ дæр. Ацы аз фестиваль сарæзтой театры азы æмæ Адæмты бындурон æвзæгты æппæтадæмон афæдзы кадæн. Фестиваль аразджыты ныхæстæм гæсгæ дзы æхсæз бонмæ фенæн уыдзæн 700 мадзалы. Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, фысджытимæ фембæлдтытæ, лекцитæ, конференцитæ, æмæ ма æндæр цымыдисаг хъуыддæгтæ. Æрвылазон мадзал саразыныл бацархайдтой мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты Федералон агентад, УФ-йы культурæйы министрад, Мæскуыйы хицауад, Уæрæсейы чингуыты иугонд. Æдæппæтæй дзы архайы 50 регионы минæвары. Равæрдтой сæ национ стендтæ. Цæгат Ирыстон адæмы размæ рахаста рауагъдад «Ир», «Респект», «Сем», «Перо и кисть», æмæ «Харизма» -йы уагъд чингуытæ. Чингуыты фестиваль «Сырх фæзы» фыццаг хатт архайдта Хуссар Ирыстоны рауагъдæд дæр. Стенд бацæттæ кодта республикæйы мæхуыры комитет. Экспозицийы сæйраг темæ баст у ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостаимæ. Ацы аз йæ райгуырдыл æххæст кæны 160 азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania