филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:49 пятница, 19 июня 2026
12 апреля 2025, 10:29
Мæздæджы 3-æгæм скъолайы ахуырдзау хаст æрцыд Президентон скъолаты Æппæтуæрæсеон форуммæ

Расидти йæ нæ бæстæйы рухстауынады æмæ наукæйы Министрад

Мæздæджы 3-æгæм скъолайы ахуырдзау æнтыстджынæй ацыд конкурсы къæпхæнтæ, æмæ хаст æрцыд Президентон скъолаты Æппæтуæрæсеон форуммæ. Расидти йæ нæ бæстæйы рухстауынады æмæ наукæйы Министрад. Ацы аз арæзт æрцыд дыккаг хатт. Форуммæ æрбахуыдтой уæрæсейаг скъолаты 187 лидеры. Æртæ боны фæсивæд зонгæ кодтой кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ, хъуыстой спикертæм. Се хсæн уыдысты паддзахадон кусджытæ æмæ æхсæнадон организациты раздзогтæ. Уымæй дарддæр ма фæсивæдæн скодтой экскурситæ. Форумы алы архайæджы дæр хъуыди проект бацæттæ кæнын – куыд ис ахуырадон системæ фæхуыздæр кæнын алы регионы, стæй ма эссе ныффыссын дæр. Æппæтæй зæрдæмæдзæугæдæр нæ республикæйы командæйæн рауад форумы кæронбæттæн. Уым фехъуысын кодтой уæлахиздзауты нæмттæ. Скъолаты хуыздæр 17 президенты хыгъдмæ хаст æрцыд Мæздæджы цæрæг, 9-æм къласы ахуырдзау Арсений Саломатов. Уæлахиздзаутæ суыдзысты Уæрæсейы рухстауынады Министрады цур хиуынаффæйады фæсивæдон советы уæнгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania