Æхсæнадон территорийы аивдзинады программæ æххæст кæнгæйæ, ацы ран сæвæрдзысты ног бордюрон дур, скверы фæзындзысты ног рухсгæнæнтæ, баивдзысты бандæттæ, урнæтæ
Мæздæджы сæрмагонд программæ «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ райдыдтой Уæлахизы Фæзы мемориалон комплексы сквер аив кæнын. 1978-æм азæй фæстæмæ парчы зонæйы астæу лæууы цыртдзæвæн «Фронты, фæсчъылдымы æмæ партизанты змæлды иудзинад». Æхсæнадон территорийы аивдзинады программæ æххæст кæнгæйæ, ацы ран сæвæрдзысты ног бордюрон дур, скверы фæзындзысты ног рухсгæнæнтæ, баивдзысты бандæттæ, урнæтæ. Стæй ма дзы сæвæрдзысты нуазæн донимæ чысыл фонтан. Цыртдзæвæнæн йæхи рацарæзты куыстытæ нысан кæнынц 9-æм майы агъоммæ фæуын. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ ацы æхсæнадон территори саив кæныныл схъæлæс кодтой фылдæр адæм. Уымæй дарддæр ма ацы аз бынæттон цæрджытæ хъæлæс кæнынц Мæздæджы æртæ ахсджиаг объектыл. Уыдон сты – «Хæдтæхæджы» цыртдзæвæн кæм ис, уыцы сквер, фыццæгæм скъолайы раз парчы зонæ, стæй Юбилейныйы уынджы тротуарон фæзуат. Мæздæджы администрацийы сидынц цæрджытæм, цæмæй хъæлæс кæной активонæй, æмæ сæхæдæг æвзарой горæты базилинаг территоритæ.