филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:11 четверг, 02 мая 2024
01 декабря 2021, 12:35
Малиты Гадойы фырт Геуæргийы райгуырдыл ацы аз æххæст кæны 135 азы

1924-æм азы  Берлины рухс федта Геуæргийæн йæ чиныг «Горские мотивы»: уырдæм поэт бахаста йæ уырыссаг æмдзæвгæтæ æмæ поэмæ «Симд нартов»

Малиты Гадойы фырт Геуæргийы райгуырдыл ацы аз æххæст кæны 135 азы. 1924-æм азы  Берлины рухс федта Геуæргийæн йæ чиныг «Горские мотивы»: уырдæм поэт бахаста йæ уырыссаг æмдзæвгæтæ æмæ поэмæ «Симд нартов». Дæс азы фæстæдæр поэт сси Ирыстоны фысджыты Цæдисы уæнг. 1935 азы мыхуыры рацыд «Ирæф»: дыгуронау фыст æмдзæвгæтæ, кадджытæ æмæ радзырдты чиныг. Йæ чиныг «Ирæф»-ы ном  хæссы Ирыстоны дыгурон æвзагыл мыхуыргонд чи цæуы, уыцы журнал. Малиты Геуæргийы æмдзæвгæтæ ахуыр кæнынц скъолаты,  мыхуыр кæнынц журналты  æмæ газетты. Бæстондæр  Геуæргийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æрмæг бацæттæ кодта Сосранты Жаннæ æмæ йын  радтæм ныхасы бар.

Стыр дыгурон поэт, революционер, публицист, рухсытауæг Малиты Геуæрги цы стыр æвæрæн бахаста  дыгурон  литературон  æвзаджы райрæзтмæ, уый зындгонд у. Курдиатджын поэт, лирик цы рæнхъытæ сфæлдыста, уыдонæй алкæцы дæр дисы æфтауы йæ арф хъуыдыйы  мидисæй.

Малиты Геуæрги, цы рæстæг цард, уый кæд æнцондæртæй нæ уыд, уæддæр тырныдта ахуырдзинад райсынмæ. Мæхческы дууæкъласон скъолайы сахуыр кæнгæйæ бацыд Æрыдоны семинаримæ. Фæлæ  рæстдзинадыл дзурæг кæй уыд, уымæй йæ дарддæры хъысмæт бæллиццаг не сси. Куыста хъæуты пъисæрæй, ахуыргæнæгæй, кодта зæххы куыст. Советон рæстæджы дæр йæ цардыуаг нæ аивта. Геуæрги архайдта революцион змæлды.1917-æм азы сентябры горæт Влæдикæвказы уыд парти «Кермен»-ы фыццаг оргæнизацион æмбырд, уым Малийы фырт æвзырст æрцыд партийы Центрон Комитеты сæрдарæй.

1937-æм азы поэты æвыдæй æрцахстой. Æмæ бирæ хъизæмæртты фæстæ ахæстоны амард. Кæм ныгæд у, уый ничи зоны.

Фæлæ куыд фæзæгъынц, рæстдзинад алкæддæр йæ бынат ссары. Малийы фырт йæ мæлæты фæстæ растгонд æрцыд. Йæ бынат ссардта  Ирыстоны фысджыты астæу, йæ кадæн йæ номыл ис скъола,уынг, 1999 –æм азы та йын Дзæуджыхъæуы байгом кодтой цыртдзæвæн.

Геуæргийæн бантыст рауадзын йæ куыстыты дыууæ æмбырдгонды. 1924-æм азы Берлины уагъд æрцыд «Горские мотивы»,1935-æм азы та Дзæуджыхъæуы рухс федта «Ирæф». «Ирæф» ма цалдæр хатты уагъд æрцыд.

Геуæргийы фыстытæ фæлтæртæм æрмæст арф хъуыдытæ хæссæг не сты, фæлæ мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад. Литературон æйвадон журнал «Ирæф» æмæ  республикон газет «Дигорæ»-йы коллектив, уый æмбаргæйæ, Георгийы юбилеймæ бацæттæ кодтой сæрмагонд номертæ.

Малиты Геуæргийæн кæд йæ сывæллæттæ схæссын нæ бантæст, уæддæр, сæ сæ мад Зæрæда фæтасын нæ бауагъта. Систы  Ирыстоны раззагъды адæм.  Бацархайдтой сæ фыды ном фæлтæртæм хæццæ кæнынæн амæлттæ саразыныл.

Уæдæ, æзты сæрты дæр, Геуæргийы уацымыстæ адæмы зæрдæты бынат кæй арынц, уымæн та æвдисæн  – æрæджы  Ирыстоны хъæбул Хъамболты Мараты фæрцы стыр экраныл йæ поэмæ Темур-Алсахъ кинойы хуызы кæй рацыд , уый. 

Адæймаг цæры, йæ ном кæдмæ цæра, уæдмæ. Геуæргийы ном та Ирыстоны дзыллæтæ,стæй йæ фæдонтæ рох кæнын нæ уадзынц.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania