филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:54 понедельник, 06 мая 2024
17 мая 2023, 11:17
Милдзыхты Вячеслав архайдта 13-æм скъолайы гом урочы

Баст уыд Нарты Кадджытимæ

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав архайдта 13-æм скъолайы гом урочы. Баст уыд Нарты Кадджытимæ. Мадзалы хæс у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ фæсивæды хсæн Нарты эпос парахат кæнын. Милдзыхты Вячеслав скъоладзаутæн сарæзта хъазт, лæвæрдта сæм фæрстытæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой чингуытæй.  Скъоладзаутæ сæхæдæг дæр бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ – равдыстой тематикон скъуддзæгтæ, аив бакастысты æмдзæвгæтæ, равдыстой национ хъæзтытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны ацы аз у ирон Нартиадæйы аз. Мадзæлттæ арæзт цæуынц, цæмæй республикæйы аивад æмæ культурон бынтæ рох ма уой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania