филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:18 пятница, 17 мая 2024
28 марта 2023, 11:25
Нæ республикæйы 21 скъолайы райдыдтой бындурон цалцæг

Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

Нæ республикæйы 21 скъолайы райдыдтой бындурон цалцæг. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — нæ республикæйы скъолаты бындурон рацарæзт райдыдта фарон, майы. Ныридæгæн уал æртын скъолайы куыстытæ кæронмæ фесты. Ноджыдæр ма  цыппæрдæс скъолайы сцæттæ уыдзысты ацы аз августмæ.  Алыбекты Эллæ куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстон ис, скъолаты рацарæзтæн фылдæр æхца кæмæн радтой, уыцы регионты хсæн. Министр уымæй уæлдай фæсидтис скъоладзаутæм, сæ ныййарджытæм æмæ ахуыргæнджытæм, цæмæй рацарæзтимæ баст рæстæгмæ зындзинæдтæн бабыхсой, уый тыххæй.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania