19 августа 2022, 10:52
Нæ республикæйы байгом картофы мыггæгты 9-æм æппæтадæмон наукон-практикон семинар
Йæ архайджытæ сты Уæрæсейы алы регионтæй, стæй Сомихæй æмæ Азербайджанæй
Нæ республикæйы байгом картофы мыггæгты 9-æм æппæтадæмон наукон-практикон семинар. Йæ архайджытæ сты Уæрæсейы алы регионтæй, стæй Сомихæй æмæ Азербайджанæй. Европæйаг бæстæты специалисттæ та форумы архайдзысты видеобастдзинады фæрцы. Знон æмæ абон арæзт цæудзысты пленарон æмбырдтæ, фембæлдтытæ. Уым ныхас цæудзæн хæрзмыггаг картоф зайын кæныныл, нырыккон технологитыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл. Форумы ма нысан кæнынц, Цæгат Ирыстоны специалисттæ кæуыл бакуыстой, уыцы программæ бавдисын. Конференцийы архайджытæ ма бабæрæг кæндзысты Уæллаг Зджыд. Уым 2 мины æмæ 500 метры бæрзæнды ис хæрзмыггаг картофы питомниктæ.