филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:35 воскресенье, 19 мая 2024
16 марта 2020, 18:31
Нæхи цæттæ кодтам сæрдмæ, æмæ та ногæй зымæджы фестадыстæм

Термометры бæрæггæнæнтæ зынгæ фæныллæгдæр сты

Нæхи цæттæ кодтам сæрдмæ, æмæ та ногæй зымæджы фестадыстæм. Термометры бæрæггæнæнтæ зынгæ фæныллæгдæр сты. Уæвгæ, Цæгат Ирыстоны мартъийы мит кæй æруарыд, уый диссаг нæу. Боныхъæды раив-баив ацы афон арæх вæййы, зæгъынц синоптиктæ. Прогнозтæм гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг бирæ мит нал æруардзæн. Уыйхыгъд ацы къуырийы кæронмæ ногæй фæхъармдæр уыдзæн, æмæ та ралæудзæн уалдзыгон баны ахаст.

Боныхъæд кæй аивта, уый тыхсын кæны хъæууон хæдзарады кусджыты дæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уазал боны ахаст фæбæрæг уыдзæн дыргъбæлæстыл. Курага æмæ цымы бæлæстæн се 70 проценты ракалдтой дидинæг, уымæ гæсгæ тæссаг у – тыллæг ма ратдзысты æви нæ, уымæй. Фæлæ хи цæхæрадæттæ кæмæ ис, уыдонæн сæ бон у амынддзинæдтæ радтын. Уый хыгъд зæхкусыджты быдыры куыстæн тæссаг ницæмæй у, æрмæст кæд сæ архайд чысыл фæстæдæр кæй райдайдзысты, уымæй? Ныртæккæ та бындур æвæрынц рагуалдзæджы тыллæгæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania