филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:13 суббота, 04 мая 2024
24 января 2023, 12:04
Национ кафты ансамбль «Æрвон» æнтыстджынæй йæхи цæттæ кæны гастрольтæм

Архайдтой æппæтадæмон кафты фестиваль «Лидеры России»-йы æмæ сластой цыппар фыццаг бынаты

Ирон кафтæн аргъ кæнынц канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы горæтты æмæ фæсарæнты. Национ кафты ансамбль «Æрвон» æнтыстджынæй йæхи цæттæ кæны гастрольтæм. Зæгъæм, æрæджы уыдысты Мæскуыйы. Архайдтой æппæтадæмон кафты фестиваль «Лидеры России»-йы. Уырдыгæй Ирыстонмæ сластой цыппар фыццаг бынаты, алыхуызон номинациты. Фидæны концерттæм сæхи куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Афтæ национ кафты ансамбль «Æрвон»-ы архайæг Хъоцыты Арсен кафы йæ аивадон разамонæджы нымадмæ гæсгæ. Кафын райдыдта 4 азы размæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы ансамбль хуымæтæджы нæ равзæрста. Йе мбæлттимæ ахуыр кæнын ын уæлдай æхсызгон у. Фæлæ йæ уæгъд рæстæг канд уыцы куыст нæ кæны. Цæуы ма боксмæ дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йын æнцон у цалдæр куысты иумæ бæттын.

Ансамбль «Æрвон»-ы аивадон разамонæг Апаты Аннеттæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ сабибонтæй фæстæмæ йын уыд иу бæллиц – йæхи ансамбль саразын. Æмæ йын бантыст. Райдыдта уал гыццыл студийæ, фæлæ 5 азмæ сырæзт стыр ансамбльмæ. Ныр дзы ис 7 къорды. Сывæллæтты руаджы йæ фæнды йæ дæсныйад фæбæрзонддæр кæнын – зæгъы Аннеттæ.

Ансамблæн концерттæ вæййы куыд нæхи республикæйы, афтæ Уæрæсейы горæтты дæр. Зæгъæм, æрæджы ирон кафт федтой Мæскуыйы дæр. 4 боны цыд æппæтадæмон кафты фестиваль «Лидеры России». Архайдтой дзы 50 коллективтæй фылдæр. Ансамбль «Æрвон» кафты руаджы арæхстджынæй равдыста нацийы традицитæ, æмæ Ирыстонмæ сласта 4 фыццаг бынаты алы номинациты.

Ахсджиаг ма у, æвзонг артисттæ ирон фæндыры цагъдмæ кæй кафынц, уый дæр. Афтæмæй хуыздæр банкъарæн ис кафты мидис, – зæгъынц ансамблы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania