Финалмæ рацыдысты скъолайы агъоммæйы ахуырады системæйы 10 минæвары
Национ музейы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой конкурс «Афæдзы хъомылгæнæджы» уæлахиздзауты æмæ призерты. Финалмæ рацыдысты скъолайы агъоммæйы ахуырады системæйы 10 минæвары. Фыццаг бынат бацахста Беслæны 14-æм сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæг Дзобайты Светланæ. Дыккæгтæ систы Дзæуджыхъæуы 64-æм рæвдауæндоны педагог Этери Закаидзе æмæ Æрыдоны 5-æм рæвдауæндоны минæвар Инна Кодрик. Æртыккаг бынат та адих кодтой Екатерина Бартасевич Мæздæгæй æмæ Езеты Аллæ Дигорайæ. Бузныджы гæххæттытæ радтой жюрийы уæнгтæн дæр. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, регионалон къæпхæны уæлахиздзау республикæйы кад хъахъхъæндзæн Æппæтуæрæсеон конкурс «Афæдзы хъомылгæнæджы» финалы.
Дзобайты Светланæ, Беслæны 14-æм сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæг: «Конкурсы архайын фыццаг хатт. Тынг фæцыд мæ зæрдæмæ. Тынг дзæбæх хъомылгæнджытæ дзы уыдис алы регионтæй, республикæйæ дæр. Мæхи равдыстой, цы зонын, куыд кусын сывæллæттимæ, мæхиуыл куыд кусын, уый, æмæ фыццаг бынат бацахстон. Æхсызгон мын у. Стыр бузныг зæгъын нæ районы хъомылгæнджытæн, мæ разы кæй уыдысты, уый тыххæй, нæ коллективæн».