Æдæппæтæй та ахуыргæнæндоны кусынц 5 хуызы. Афтæмæй дзы парахат кæнын райдыдтой федералон проект.
Национ проект «Ахуырад» æххæст кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы уæзхъус æмæ къуырма сывæллæттæн сæрмагонд скъолайы байгом кодтой дыууæ профориентацион къласы. Æдæппæтæй та ахуыргæнæндоны кусынц 5 хуызы. Афтæмæй дзы парахат кæнын райдыдтой федералон проект. Алцыдæр кæнынц, цæмæй сабитæ ахуырæй дарддæр сæхи истæуыл æфтауой, уый тыххæй. Уымæй дарддæр ма сæ бон у фидæны дæсныйад равзарын дæр.
Дидинджыты мыггæгтæ, æмæ сæ кæм æрзайын кæндзысты, ахæм мигæнæтæ. Зæгъæн ис, æмæ ацы цыппæрæмкъласонты размæ байгом æнæхъæн дуне. Уæдæ куыд – хи къухтæй исты æрзайын кæнын, уый диссаг куыд нæ у. Къуырма æмæ уæзхъус сывæллæтты сæрмагонд скъолайы байгом 2 профилон къласы. Æдæппæтæй дзы æргом аздæхтой 5 дæсныйадмæ. Ахуыр кодтой уæлæдарæс æмæ дзабыртæ хуыйджытыл æмæ хъæдæрмæгæй кусыныл. Ныр та ма сыл бафтыд хъæбæр гæххæттæй куыст, æмæ фермертæ – ома сын амонынц горæты уавæрты исты æрзайын кæнын.
Сывæллæтты ахуырадæй фæстæмæ цы цымыдис кæны, уыцы уавæртæ сын арæзт цæуынц, федералон программæ «Нырыккон скъола»-йы фæлгæты национ проект «Ахуырад» æххæстгæнгæйæ. Афтæмæй фидæны дæсныйад дæр æнцонтæй равзардзысты. Ам ахсджиаг у сывæллæттæн сæхи хъуыдымæ байхъусын.
Автоматизацигонд тæрхæджыты басгæрдæг, цъæх хъæдындз, гага æмæ хъæдуры хуызтæ. Ам автоматикæйы фæрцы цæудзысты донхорыг, уæдæ чизидæттæ дæр сæхæдæг цæудзысты калд. Æмæ æппæт уыдон цæудзысты кабинеты мидæг. Зайæгойты куыст та у фидæны дæсныйад, зæгъынц скъолайы.
Ультрафиолеты рухс æххуыс кæны зайæгойты рæзтæн. Ис дзы, афæдзы дæргъы чи кусдзæн ахæм автоматизацигонд чысыл-хъармуат.
Федералон программæйы цы скъолатæ архайынц, уыдон пайда кæнынц сæрмагонд нысанæй – «Доброшкола». Проектыл куыст цæудзæн æнæхъæн афæдз.




