филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:12 воскресенье, 05 мая 2024
24 июня 2019, 17:05
Национ проект «Демографи» царды куыд æххæстгонд цæуы, ууыл ныхас цыди, Тускъаты Таймуразы разамындæй абын цы æмбырд ацыди, уым

Хорз бæрæггæнæнтæ равдисыны тыххæй хъуамæ баххуыс уой регионалон проекттæ. Уыимæ, сывæллæттæн скъолайы агъоммæйы ахуырады аккаг уавæртæ скæнын.

Национ проект «Демографи» царды куыд æххæстгонд цæуы, ууыл ныхас цыди, Тускъаты Таймуразы разамындæй абын цы æмбырд ацыди, уым.
Хорз бæрæггæнæнтæ равдисыны тыххæй хъуамæ баххуыс уой регионалон проекттæ. Уыимæ, сывæллæттæн скъолайы агъоммæйы ахуырады аккаг уавæртæ скæнын. 2021-æм азмæ нысан кæнынц рæвдауæндæттæм рад æххæстæй айсын. Ныртæккæ рæвдауæндæттæм бынæттæй æххæст у æрмæстдæр 80%, загъта ахуырады æмæ наукæйы министр Людмила Башарина. 2019- æм азы æдæппæтæй фæзындзæни скъолайы агъоммæйы ахуырады 2 мины æмæ 500 бынаты, уыдонæй мин 6 сæдæ бынаты уыдзысты æртæ азы онг кæуы цæуы, ахæм сывæллæттæн. Æмбырды ма ныхас цыди, фыццаг сывæллоны тыххæй фиддонтæ куыд лæвæрд цæуынц, ууыл дæр. Федералон хъæппæрисмæ гæсгæ, афæдзы райдианæй уыцы фæрæзтæ систы 9 мины æмæ 5 сæдæ сомы. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис куыд загъта, афтæмæй ацы къабазы къуылымпыдзинæдтæ нæй. Ахсджиаг проектты хыгъды ис «Хистæр фæлтæр»дæр. Йæ фæлгæты, пенсимæ рацæуыны агъоммæйы кары адæмæн сæ бон у, сæ дæсныйад аивынæн сæрмагонд ахуырадон курсытæ ацæуын. Уымæй уæлдай, районтæ райсдзысты 8 сæрмагонд машинæйы, æмæ сæ пайда кæндзысты карджын адæмы поликлиникæтæм диспансеризаци ацæуыны тыххæй ласгæйæ. Уый хъуамæ хорзырдæм фæзына ацæргæ адæмы æнæниздзинадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania