филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:25 воскресенье, 05 мая 2024
06 марта 2024, 13:24
Национ проект «Культурæ»-мæ гæсгæ Ногиры базилдзысты культурæйы хæдзармæ, сывæллæтты музыкалон скъолайæн та фæзындзæн ног бæстыхай

Арæзтадон куыстытæй фæстæмæ ма объекттæ баххæст кæндзысты хъæугæ ифтонггæрзтæй æмæ хъæддзаумайæ

Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы цалцæг æмæ арæзтад. Национ проект «Культурæ»-мæ гæсгæ Ногиры базилдзысты культурæйы хæдзармæ, сывæллæтты музыкалон скъолайæн та фæзындзæн ног бæстыхай. Арæзтадон куыстытæй фæстæмæ ма объекттæ баххæст кæндзысты хъæугæ ифтонггæрзтæй æмæ хъæддзаумайæ. Куыстытæ фæнд кæнынц ацы аз фæуын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Царæй дон хъары, штукатуркæ згъæлы, пъолтæ нал бæззынц. Бирæ азты Ногиры культурæйы хæдзары актон зал ис ахæм уавæры. Хъæддзаумайы тыххæй дæр хуыздæр ницы ис зæгъæн. Уый дæр хъæуы æнæмæнг баивын. Бæстыхайы уавæр бынæттон цæрджыты мæты æфтауы. Бонæй-бонмæ кæлæддзагдæр кæны. Экслуатацийы йæ радтой 1961-æм азы. Уæдæй фæстæмæ дзы бындурон цалцæг никуы уыд. Ныр хъуыддаг йæ бынатæй базмæлыд. Хæстæгдæр рæстæг арæзтадон организаци куыстытæм бавналдзæн. Зæрдæ æвæрынц, культурæйы хæдзары бæстыхай æрмæст æдас нæ уыдзæн, фæлæ ма æнцонвадат дæр – куыд уазджытæн, афтæ артисттæн дæр.

Ногиры æрмæст культурæйы хæдзармæ нæ базилдзысты, фæлæ ма сывæллæтты музыкалон скъоламæ дæр. Ацы бæстыхай сцалцæг кæнынæй ног саразын æнцондæр у. Кусджытæ зæрдæ æвæрынц, æппæт куыстытæ ацы азы кæронмæ сæххæст кæнынæй. Фæнд кæнынц дыууæуæладзыгон скъола саразын, пъадвалон агъуыстытимæ æмæ хи буфетимæ. Раздæр дзы нæ уыд.

Ныртæккæ ахуырдзаутæ архайынц Ногиры 2-æм скъолайы. Хъазгæйæ дзурынц, ам иу кабинет сæ бæстыхайæ уæрæхдæр у, зæгъгæ. Фæлæ уæддæр тырнынц сæхи уарзон скъоламæ. Тагъд дзы уыдзæн æппæт фадæттæ. Сæйрагдæр та, алкæмæндæр бынат фаг уыдзæн.

Музыкалон скъоламæ дæр, æмæ культурæйы хæдзармæ дæр базилдзысты нацпроект «Культурæ»-мæ гæсгæ. Фæнд кæнынц, алцыдæр сæххæст кæнын, цы æмгъуыд снысан кодтой, уæдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania