филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:01 среда, 15 мая 2024
30 августа 2019, 12:28
Ног ахуыры азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны 17 хъæуккаг скъолайы кусын райдайдзысты гуманитарон æмæ нымæцон центртæ «Точки роста»

2022-æм азмæ та фæзындзысты æппæт хъæуккаг скъолаты.

Ног ахуыры азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны 17 хъæуккаг скъолайы кусын райдайдзысты гуманитарон æмæ нымæцон центртæ «Точки роста». 2022-æм азмæ та фæзындзысты æппæт хъæуккаг скъолаты. Проект царды рауадзынæн радих кодтой 30 милуан сомы онг федералон бюджетæй. Уыцы хцайæ балхæндзысты ног кусæнгæрзтæ, цæстуынгæ æрмæг. Нысантæм гæсгæ сывæллæттæ архайдзысты шахмæтты кълæсты, кусдзысты компьютертимæ, тренажерты, æмархайд кæндзысты нырыккон технологитимæ: 3D-принтертæ, квадрокоптертæ, виртуалон шлемтæ. Уый уыдзæн технопарк Кванториум, æрмæст миниатюрæйы. Центр баххуыс кæндзæн хъæуккаг скъолаты канд ахуырады æмвæзад фæуæлдæр кæнынæн нæ, фæлæ ма афтæмæй фæсивæд нæ тырндзæн горæтмæ цæуынмæ дæр. Проект ма арæзт у ахуыргæнджыты фæлтæрддзинад фæфылдæр кæнынмæ. Зæгъæм, Камбилеевскæйы скъолайы 13 педагогы ацыдысты сæрмагонд ахуырад, проект «Точка роста» æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania