филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:30 суббота, 04 мая 2024
06 января 2023, 16:59
Ног азы хæрзаудæн акци арæзт æрцыд Мæздæджы

Районы культурæйы Галуаны кусджытæ бынæттон сфæлдыстадон коллективтимæ æмæ ансамбльтимæ сценæмæ рахастой бæрæгбоны спектакль «Перепутанные сказки»

Ног азы хæрзаудæн акци арæзт æрцыд Мæздæджы. Районы культурæйы Галуаны кусджытæ бынæттон сфæлдыстадон коллективтимæ æмæ ансамбльтимæ сценæмæ рахастой бæрæгбоны спектакль «Перепутанные сказки». Фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй сывæллæттæн, районы цæрджытæн æмæ уазджытæн цины æнкахрæнтæ балæвар кодтой алы аргъæутты хъайтартæ. Фæлæ сценаримæ гæсгæ, хъуыддаг афтæ рауад, æмæ аргъæуттæ схæццæ сты. Æвзонг театрдзаутæ æвæстиатæй бамбæрстой рæдыдтытæ, æмæ зæрдиагæй архайдтой уавæр сраст кæныныл. Сценæмæ Митын Дада æмæ Митын Чызг куы рацыдысты, уæд та сабитимæ архайдтой алыхуызон хъæзтыты æмæ викторинæты, кафыдысты æмæ зарыдысты, лæвæрдтой дзуæппытæ хистæрты фæрстытæн. Республикæйы Сæргълæууæджы номæй сывæллæттæн байуæрстой æхсызгон лæвæрттæ. Уыдон та уыдысты адджинæгты 2500 къоппæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania