филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:24 воскресенье, 28 апреля 2024
14 августа 2023, 13:11
Паддзахадон æмæ муниципалон исбонæн, стæй зæххы ресурстæн ахадгæ разамынд дæттыны фарстатыл æрдзырдтой хицауадон æмбырды

Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис

Паддзахадон æмæ муниципалон исбонæн, стæй зæххы ресурстæн ахадгæ разамынд дæттыны фарстатыл æрдзырдтой хицауадон æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Профилон министр Тедеты Руслан фехъусын кодта, хъæутæн фос хизынæн кæй радих кодтой 25 уаццаджы. Сæ иумæйаг фæзуат – 2 мин гектарæй фылдæр. Раздæр ацы уавæр сбæлвырд кæнын бахæс кодта Дзанайты Барис, уымæн æмæ цæрджытæ хъаст кодтой, хизæнтæ кæй нæй, уымæй. Ныхас ма цыд, республикæйы бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы хæйттæ лæвар дих кæныны программæ æххæст кæныныл дæр.  Тедеты Руслан радзырдта, мемориал «Барбашовы фæз»-ы цур кæй бацæттæ кодтой 45 гектары бæрц хай. Хаст у Джызæлы арæнтæм. Уый фæрцы зæххæй баххæст кæндзысты 500 бирæсывæллонджын бинонтæй фылдæры.  Дзанайты Барис ма фæсидт бæрнон кусджытæм, цæмæй бынæттон хиуынаффæйады оргæнтимæ дарддæр кæной, зæххы хæйтты кадастрон аргъы ивддзинæдты тыххæй бæрæггæнæнты анализ. Ацы архайд фæтыхджындæр кæнын хъæуы, цæмæй кадастрон аргъ æнæмбæлгæйæ къаддæргонд ма цæуа, уый тыххæй. Премьер ма бахæс кодта, исбонæн æмæ арендон фиддонтæн хъалонтæм гæсгæ æфтиæгтæ исыны пълан æххæст кæныны куыст фæахадгæдæр кæнын. Иу фарста ма баст уыд, фыццаградон проекттæ æххæст кæнынæн инвестицион фæзтæ фидар кæнын. Министр Тедеты Руслан куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддагæн бацæттæ кодтой 30 уаццагæй фылдæр æмæ ма дарддæр куыст цæуы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania