филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:28 воскресенье, 28 апреля 2024
13 марта 2024, 12:42
Паддзахадон академион ансамбль «Алан» бæрæг кæны йе 85 азы юбилей

Уый кадæн стыр концерт арæзт æрцыд Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры

Адæмты хæлардзинады Ордены номхæссæг Паддзахадон академион ансамбль «Алан» бæрæг кæны йе 85 азы юбилей. Уый кадæн стыр концерт арæзт æрцыд Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры. Ныртæккæ ансамбль у бирæ премиты æмæ конкурсты лауреат. Коллектив базыдтой дунейы 45 бæстæйы. Афтæмæй адæмы размæ рахастой ирон аивады хæзнатæ. 85 азмæ бирæ аивта: артисттæ, репертуар, сценикон уæлæдарæс. Фæлæ æнæивгæ баззад иу хъуыддаг. Æгæрон кад национ традицитæм æмæ культурæмæ. Уыцы хæзнатæ хæццæ кæнынц фæлтæрæй – фæлтæрмæ. Кафыдысты æмæ кафынц дарддæр. Лæппутæ æцæг цæргæстау, чызджытæ та уæздан доны хъазты хуызæн. Иу хатт ма сæм бакæсыны фадат уыд сæ юбилейон концерты. Театыр фойейы фенæн уыд, ансамблы историйыл дзурæг цымыдисаг равдыст. Артисттæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Йæ арфæйы ныхасы загъта – «Алан» кæй у нæ республикæйы фидауц. Йæ зæрдæ сын загъта ног сфæлдыстадон æнтысдзинæдтæ. Ацы бон ма лæвæрд æрцыдысты æхсызгон хæрзиуджытæ. Ирыстоны Намысы майданæй хорзæхджынгонд æрцыд ансамблы солист Мамиаты Сослан. Авдæй систы Цæгат Ирыстоны Адæмон артисттæ, æртæйæ та систы сгуыхт артисттæ. Уымæй дарддæр ма кафджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй дæр. Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ ансамбль «Алан»-æн йе сфæлдыстадон фæндаг цæуы дарддæр. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ дарддæр аивадуарзджыты зæрдæтæ æлхæндзæн ирд æмæ рæсугъд кафтæй. Афтæ хъуыды кæнынц артисттæ сæхæдæг дæр. Уымæн æмæ сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц, 85 азы размæ цы хæзна райгуырд, уый цæхæр мынæг кæнын ма бауадзын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania