филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:37 четверг, 02 мая 2024
01 декабря 2021, 12:23
Паддзахадон телерадиокомпани «Алани» ацы аз бæрæг кæны 3 юбилейы

Юбилейон бон компанийы кусджыты схорзæхджын кодтой алыхуызон хæрзиуджытæй

Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй паддзахадон телерадиокомпани «Алани» ацы аз бæрæг кæны 3 юбилейы. 90 азы æххæст кæны радиойыл, 60 азы телеуынынадыл æмæ 55 азы та Цæгат Кавказы телевизион кинойыл. Бирæ азты дæргъы нæ телекомпани архайы адæммæ раст æмæ бæлвырд информаци хæццæ кæныныл. Зæгъæн ис, æмæ у Цæгат Ирыстоны бирæнацион адæмы азфыссæг. Хистæр фæлтæр цы æгъдæуттæ æмæ традицитæ ныффидар кодтой, уыдон ныр дæр сты æнæивгæ. Ныртæккæ компани кусы дыууæ каналыл — «Россия-1» æмæ «Россия-24» æмæ æртæ радиоканалы — «Радио России», «Вести FM» æмæ «Алания FM». Юбилейон бон компанийы кусджыты схорзæхджын кодтой алыхуызон хæрзиуджытæй. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Телеуынынады азфыст. Ирд æмæ цымыдисаг истори.  90 азы радиойыл, 60 азы телеуынынадыл, æмæ 55 азы Цæгат Кавказы телевизион кинойыл. Хистæр фæлтæр цы æгъдæуттæ æмæ традицитæ ныффидар кодтой, уыдон ныр дæр сты æнæивгæ. Юбилейон бон нæм уазæгуаты æрбацыдысты не мкусджытæ Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдтæй. Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы генералон директоры хæдивæг, регионалон департаменты разамонæг Рифат Сабитов, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло, стæй Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб. Раздæр уал уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпанийы фыццаг сæрдартæй иу Æгъуызарты Æхсарбеджы номарæн фæйнæгыл. Йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд кинокомплекс. Уыимæ та фадат фæзынд телевизион кино исынæн. Зын эпидемиологон уавæр нæ бæрæгбонмæ бахаста ивддзинæдтæ. Фæлæ уал æй  уæддæр сбæрæг кодтой не студийы.

Нæ телерадиокомпанийы кусджытæ хорзæхгонд æрцыдысты алы æмвæзады хæрзиуджытæй.  «Ирыстоны намыс»-ы майдантæ та республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло радта Æппæтуæрæсеон телеуынынады генералон директоры хæдивæг Рифат Сабитовæн,  стæй радиойы редактор Къадзаты Станиславæн æмæ звукорежиссер Газайты Зойяйæн. Уымæй дарддæр кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй хорзæхгонд æрцыдысты режиссертæ, монтажертæ, амонджытæ, редактортæ, оператортæ…  Паддзахадон Думæйы арфæйы фыстæджытæ саккаг кодтой телерадиокомпанийы сæргълæууæг Хъуысаты Тимурæн æмæ цыппар кусæгæн.

Рифат Сабитов нæ телерадиокомпанийы коллективæн ракодта зæрдиаг арфæтæ. Йæ зæрдæ нын загъта фидар æнæниздзинад æмæ рæсугъд фидæн. Компанийы кусджытæн радта хæрзиуджытæ: нымæцон бастдзинады рæзты æмæ дзыллон коммуникациты министрады кады гæххæттытæ, стæй Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы арфæйы фыстæджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania