филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:04 понедельник, 20 мая 2024
26 октября 2022, 11:19
Поэт æмæ тæлмацгæнæг Баситы Зæлинæйы сфæлдыстадон къæбицы ныридæгæн ис бирæ æхсызгон хæрзиуæджы

Æрæджы та ма сыл бафтыд иу

Поэт æмæ тæлмацгæнæг Баситы Зæлинæйы сфæлдыстадон къæбицы ныридæгæн ис бирæ æхсызгон хæрзиуæджы. Æрæджы та ма сыл бафтыд иу. Кадджын уавæры йын лæвæрд æрцыд Кайсын Кулиевы номыл майдан. Уæвгæ Зæлинæ у 30 зарæджы автор. Аивадуарзджытæм сæ фæхæццæ кодтой нæ республикæйы уарзондæр зарæггæнджытæ. Уымæй дарддæр ма йæ сисы бынæй рацыдысты æмдзæвгæты æмбырдгондтæ. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Уæрæсейы гимн æмæ хæстон зарджытæ. Æмæ ууыл Баситы Зæлинæ æрлæууынмæ нæ хъавы. Йæ фидæнмæ нысанты тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Баситы Зæлинæ кæй стæлмац кодта, ахæм патриотон зарджытæ ирон æвзагыл куы фæзæлынц, уæд сын вæййы уæлдай мидис. Зæлинæ йæ фыццаг тæлмацыл бакуыста 2020-æм азы. Пандемийæйы рæстæг цыдис Уæлахизы боны кадæн акци. Зæрдæйы арфмæ чи хъары, уыцы рæнхъытæ азæлыдысты æнæхъæн бæстæйыл, уыимæ ирон æвзагыл. Уый уыди Баситы Зæлинæйы сфæлдыстады ахсджиаг цау. Тæлмац кæнын ын у зæрдæйы фæндон. Йæ куысты фæрцы рабæрæг, зарæг «На безымяной высоте»-йы цы 18 æфсæддоныл цæуы ныхас, уыдонæй иу – Кæсæбиты Тæтæри уыди не мзæххон.

45-æм азы уалдзæгыл азарыд Дзахойты Зæлинæ, зарæг ирон æвзагыл рауади зæрдæмæхъаргæ. Дыууæ Зæлинæйы базонгæ сты æнæнхъæлæджы, фæлæ сæ зонгæдзинад расайдта фидар сфæлдыстадон хæлардзинад. Уæвгæ, æрмæст сфæлдыстадон нæ.

Хуссар Ирыстоны адæмон артист Бекъойты Вано Баситы Зæлинæйы сфæлдыстадæн скодта стыр аргъ. Йæ хъыдымæ гæсгæ,  Зæлинæ йæ  тæлмацты раргом кæны патриотон, национ æмæ хъæбатырты зарджыты арф мидис. Артист куыд зæгъы, афтæмæй Зæлинæимæ кусын у удæнцойдзинад.

Ирон æвзагыл сдзырдтой Лермонтовы хъайтартæ дæр. Цæгат Ирыстоны академион театры цæттæ кæнынц поэмæ «Демон».

Баситы Зæлинæ æрмæст æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ нæ тæлмац кæны. Ныртæккæ та кусы ирайнаг «Паддзæхты чиныджы» цалдæр сæргондыл.  Баситы Зæлинæмæ ис бирæ сфæлдыстадон фæндтæ æмæ нысантæ. Тагъд та райдайдзæн Дагестаны адæмон поэт Расул Гамзатовы уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын. Зæлинæйæн  Гамзатовы арф хъуыдытæ дæр  йæ рæстæджы баххуыс сты йæ курдиат раргом кæнынæн. Йæ æмбырдгонд «Очаг» ын куы бакасти, уæд йæхицæн фидарæй загъта, поэт суæвынмæ йæ тыхтæ кæй нæ бавгъау кæндзæн, уый. Расул Гамзатовы поэмæтæ ирон взагмæ ратæлмац кæнынæй Баситы Зæлинæйы бафæндыди поэты рухс ном ссарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania