филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:34 вторник, 07 мая 2024
17 января 2023, 11:36
Рæстæг йæ цыдимæ фарн æрбахаста Æрæфы районы Толдзгуны хъæуæн

Фондз азы размæ дæр ма йæ цæрджыты æнцон архайды уавæртæ уыдысты хуыздæрхъуаг

Ног азмæ ног фæндтæ, ног бæллицтæ æмæ адæмы райдзаст цардæн пайдайаг хъуыддæгтæ аразыны нысанимæ бавнæлдта йæ хæстæ æххæст кæнынмæ, хъæуы цæрджытæ цы сæргълæууæг равзæрстой, уый. Уæвгæ, фехъусынæй фенын хуыздæр у, æмæ бакæсæм Сосранты Жаннæйы сюжетмæ.

Рæстæг йæ цыдимæ фарн æрбахаста Æрæфы районы Толдзгуны хъæуæн. Фондз азы размæ дæр ма йæ цæрджыты æнцон архайды уавæртæ уыдысты хуыздæрхъуаг. Ныр, кæд хъæуы цæрæг адæмы нымæц къаддæр кæны, уæддæр йæ гæнæнтæ хуыздæр кæнынц. Хъæуы сæргълæууæг Сосранты Хетæгæй уырны, фæсивæд ногæй се ргом кæй раздахдзысты хъæуккаг цардмæ.

Æнусæй фылдæр цы хъæуыл цæуы, уый абон æххæст у æппæт нырыккон хъуыддæгтæй. Арæзт дзы æрцыд ног фельдшерон акушерон пункт, раздæримæ йæ абарæн нæй. Æххæст у фыццаг æххуыс бакæнынæн æппæт æрмæгæй дæр.

Уæдæ уæлдай цин та бакодтой толдзгуйнæгтæ сæ хъæуы бирæ азты кæлæддзаг уавæры цы культурæйы артдзæст уыд, уый рацарæзтыл. Уырнгæ дæр никæмæй уал кодта, искуы ма йæ дуæрттæ байгом уыдзысты, уый.

Кæддæры хъæдрæбын, абон у райдзаст хъæу. Цæры дзы фондз сæдæ адæймагмæ хæстæг. Йæ истори хъæздыг у йæ куырыхон хистæртæй æмæ фæзминæг кæстæрты хабæрттæй æмæ хъуыддæгтæй.

Толдзгуны ис бынæттон скъола дæр. Кæд йæ ахуыргæнинæгты нымæц азæй азмæ  къаддæр кæны, уæддæр æй бахастой сæрмагонд программæмæ. Фидæны уый дæр хъуамæ бындуронæй цалцæггонд æрцæуа. Куыд фæзæгъынц, сæйрагдæр сты фæндтæ, уыдон куы уой уæд сыл æнæ бакусгæ нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania