Саразынц мониторингтæ: сбæрæг сын кæнынц сæ уавæртæ, раиртасынц, цы ивддзинæдттæ домынц, уый
Рæвдауæндæтты куыстмæ æдзух цæстдард цæуы Дзæуджыхъæуы минæвæртты Æмбырды депутаттæй. Саразынц мониторингтæ: сбæрæг сын кæнынц сæ уавæртæ, раиртасынц, цы ивддзинæдттæ домынц, уый. Ацы хатт бабæрæг кодтой 173-æм рæвдауæндон. Депутатты æркасты хатдзæгты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Дзæуджыхъæуы 173-æм сывæллæтты рæвдауæндоны горæты минæвæртты Æмбырды депутаттæ фыццаг хатт нæ уыдысты. Ныр сбæрæг кодтой цалцæггæнæн куыстыты хæрзхъæддзинад. Бæстыхай арæзт æрцыдис 60 азы размæ æмæ домдта егъау ивддзинæдтæ. Цалцæг райдыдта афæдзы райдиан муниципалон бюджеты хардзæй. Дихгонд æрцыдис 120 милуан сомы. Рæвдауæндоны ис 6 къорды. Куыстыты рæстæг сывæллæтты хъомыл кæныны хæстæ лæвæрд æрцыдысты горæты иннæ рæвдауæндæттæм. Специалисттæ баивтой бæстыхайы сæр, инженерон коммуникацитæ æмæ сантехникæ.
Дзæуджыхъæуы 15 рæвдауæндонæй 173-æм у, горæты Æмбырды минæвæрттæй арæзт кусæг къорды руаджы ацы аз цалцæггонд чи цæуы, уыдонæй иу. Бахауд, æппæты тынгдæр рацарæзт чи домдта, уыцы хыгъдмæ. Афтæ рæвдауæндонæн райдыдта йæ дыккаг цард. Ныртæккæ ма дзы хъæуы актон зал сцалцæг кæнын, асинтæ æмæ 4 административон кабинеты. Куыстытæ фæуынвæнд кæнынц ноябры.
Хъæугæ фæрæзтæ агуырд æрцыдысты. Минæвæртты Æмбырды сессийы муниципалон бюджетмæ бахастой ивддзинæдтæ. Уыдоны руаджы, уæлæмхасæн 3 милуан сомы схардз кæндзысты, горæты рæвдауæндæттæй ма 3-йы цы куыстытæ баззадис, уыдон кæронмæ фæуынæн.
Депутаттæ куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ скъолайы агъоммæйы ахуырадон куыстуæттæм æркаст дарддæр дæр æххæстгонд цæудзæн. Йæ ног къæпхæн — сæ территориты рацарæзт.




