филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:41 понедельник, 13 мая 2024
03 апреля 2024, 12:19
Рахизфарсы районы байгом 2 скъолайы – музыкалон Беслæны æмæ астæуккаг ахуырады Бруты

Беслæны музыкалон скъолайы бæстыхай арæзт æрцыд горæты райрæзты генералон пъланмæ гæсгæ, хæссы Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг Махъоты Ацæмæзы ном

Рахизфарсы районы байгом 2 скъолайы. Музыкалон Беслæны æмæ астæуккаг ахуырады Бруты. Беслæны музыкалон скъолайы бæстыхай арæзт æрцыд горæты райрæзты генералон пъланмæ гæсгæ. Хæссы Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг Махъоты Ацæмæзы ном. Композитор райгуырд Беслæны. Бруты ног скъола та арæзт æрцыд паддзахадон программæмæ гæсгæ. 2 объекты дæр бабæрæг кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Кадджын мадзалы размæ уал скъолайы сæйраг адæмимæ ныхас – ахуыргæнæндон байгом кæнынмæ се *ппæтæй фылдæр чи æнхъæлмæ каст, уыцы ахуырдзаутимæ. Афтæ райдыдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы балц Брутмæ. Бафæндыд æй комкоммæ сывæллæттæй базонын, сæ зæрдæмæ алцыдæр цæуы æви нæ, уый. Æрмæст уый фæстæ райдыдта кадджын мадзал. Традицимæ гæсгæ, скъолайы директор дæгъæл райста аразджыты къухтæй.

Уæрæх къæридортæ, райдзаст кабинеттæ, хъæугæ ифтонггæрзтæ… Ног бæстыхай дзуапп дæтты æрмæст æппæт домæнтæн нæ, фæлæ нырыккон стандарттæн дæр, цæмæй алкæмæндæр ам ахуыр кæнын æнцон уа, уый тыххæй. Бындурон ахуыртæй фæстæмæ ма, сывæллæттæ архайдзысты сфæлдыстадон къордты дæр.

Æппæт уавæртæ ныр ис сывæлæтты музыкалон скъолайы ахуырдзаутæн дæр. Уый дæр байгом кодта йæ дуæрттæ. Ацы цаумæ Беслæны се *ппæт дæр æнхъæлмæ кастысты. Арæзтадон куыстытæ æххæстгонд цыдысты æрвылбон, æнæмæнг разамынды цæстдардæй.

Музыкалон скъолайы ис 24 къласы хицæн ахуыртæн. Алкæцыдæр сæ æххæст у нырыккон ифтонггæрзтæй – партæтæй æмæ бандæттæй райдай æмæ инструменттæй фæуы.

Музыкалон скъола хæссы Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг, композитор æмæ пианист Махъоты Ацæмæзы ном. Ацы бон ын саккаг кодтой Беслæны Кадджын Гражданины ном. Куыд загъта, афтæмæй йыл уый ныр бæрнон хæс æвæры горæты æмæ йæ цæрджыты раз. Маэстро скъолайы фæнд кæны, Цæгат Ирыстоны иунæг чи уыдзæн, ахæм композиторты кълас байгом кæнын.

Æцæг хæдзар ацы бынат суыдзæн, йæ цард аивадимæ сбæттын кæй фæнды, уыдонæн дæр. Ахæм сывæллæттæ та Беслæны чысыл нæй. Æмæ ныр алкæмæндæр уыдзæн, музыкæйы стыр дунемæ бахауыны фадат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania