филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:28 пятница, 03 мая 2024
02 апреля 2024, 12:06
Райдыдта, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст æмдзæвгæты конкурс «Поклонимся матери солдата»

Йæ сæйраг нысан у кæстæр фæлтæрмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, абоны цардмæ фæндаг аразджытæн аргъ кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын

Райдыдта, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст æмдзæвгæты конкурс «Поклонимся матери солдата». Мадзал арæзт цæуы 7-æм хатт. Йæ сæйраг нысан у кæстæр фæлтæрмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, абоны цардмæ фæндаг аразджытæн аргъ кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын. Ацы аз номинацитæ фæфылдæр  сты. Сæ хыгъды – хи фыст æмдзæвгæ, мадæлон æмæ уырыссаг æвзæгтыл æмдзæвгæ аив бакæсын, куыд скъоладзауты хсæн, афтæ хистæр кары адæмы астæу дæр. Куыстытæ 20-æм апрелы онг  æрбарвитæн ис сæрмагонд почта ket.poesy@mail.ru.-мæ. Æппæт æрмæджытæ дæр мыхуыргонд цæудзысты телеграм каналы. Финалисттæ та хуынд æрцæудзысты 6-æм Майы Хæзныдоны Стыр Уæлахизы кадæн мадзалмæ. Арæзт æрцæуы, «Салдаты ныййарæджы» цыртдзæвæны цур. Æвæрд æрцыд 7 азы размæ. Уыимæ дзы арæзт æрцæуы футболон турнир «Кет» дæр. Æппæт уæлахиздзаутæ дæр хорзæхджынгонд æрцæуынц кады гæххæттытæй, кубоктæй, зæрдылдарæн лæвæрттæй стæй æхцайы премитæй.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania