филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:51 воскресенье, 19 мая 2024
07 мая 2024, 15:57
Республикæйы 90 скъоладзауы æрлæууыдысты кадетты рæнхъыты

Традицимæ гæсгæ мадзал арæзт æрцыди Барбашовы фæзы

Ард бахордтой, Фыдыбæстæйы сæраппонд. Республикæйы 90 скъоладзауы æрлæууыдысты кадетты рæнхъыты. Традицимæ гæсгæ мадзал арæзт æрцыди Барбашовы фæзы. Фæсивæд иууылдæр сты пъæлицæйæгты æмæ слестгæнæн комитеты къабазимæ баст кълæсты ахуырдзаутæ. Лæппутæ ард бахордтой, УФ-йæн æнæзæрдæхудт службæ кæй кæндзысты æмæ сæ сæрмæ худинаг кæй никуы æрхæсдзысты, уымæй. Райстой присягæ, уый фæстæ сын радтой æвдисæндартæ. Кадджын уавæры сын сæ радта Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Куыд загъта, афтæмæй кадеттæн ацы цау у тынг ахсджиаг. У Фыдыбæстæйæн службæ кæныны уæрæх фæндаджы райдиан. Йæ зæрдæ сын загъта фидар æнæниздзинад æмæ стыр æнтыстытæ. Æмбырды цы бирæ адæм архайдта, уыдон уыдысты æмхъуыды. Кадетты кълæстæ хъомыл кæнынц æцæг патриотты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ дыууæ азы размæ цы кадетты змæлд рацыди царды, уый æнтыстджынæй рæзы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania