филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:56 вторник, 07 мая 2024
21 апреля 2022, 11:28
Республикæйы адæмты хæлардзинады хæдзары арæзт æрцыди национ-культурон æхсæнадты хсæн æмæ ахуыргæнæндæтты динты æмæ адæмыхæтты хсæн экстремизмы профилактикæйы темæимæ баст æмбырд

Архайдтой дзы  паддзахадон хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ, барадхъахъхъæнæг  оргæнтæ, æдасдзинады федералон службæйы, прокуратурæйы дины кусджытæ æмæ фæсивæд

Республикæйы адæмты хæлардзинады хæдзары арæзт æрцыди национ-культурон æхсæнадты хсæн æмæ ахуыргæнæндæтты динты æмæ адæмыхæтты хсæн экстремизмы профилактикæйы темæимæ баст æмбырд. Архайдтой дзы  паддзахадон хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ, барадхъахъхъæнæг  оргæнтæ, æдасдзинады федералон службæйы, прокуратурæйы дины кусджытæ æмæ фæсивæд. Æрныхас кодтой экстремизм æмæ терроризмы профилактикæйы формæтæ æмæ гæнæнтыл, глобализацийы уавæрты фæсивæдон радикализмыл, паддзахадон хицаудзинадимæ æмгуыстады, зианхæссæг фæзындтæ ма парахат кæныныл, фæсивæды удыхъæд æмæ миддуне хъæздыгдæр кæныныл. Ам ахсджиаг у патриотон хъомылад, закъон æххæсткæнынад, стæй фæсивæды хсæн æнæнизцардыуаг парахат кæнын. Ивгъуыд афæдзы хатдзæгтыл дзургæйæ дæр, æмбырды архайджытæ доклад скодтой, зианхæссæг фæзындтæ ма руадзыныл цы ахадгæ мадзæлттæ арæзтой æнæхъæн афæдз, уый тыххæй. Ацы ахсджиаг фарстайы ма æнæмæнг хъæуы педагогты, психологты, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ инновацион технологиты рæзты оргæнты æмгуыстад.   Дзуаппдæттæг оргæнтæ хъуамæ иртасой фæсивæды хсæн æнæуынондзинад чи гуырын кæны, ахæм адæмы. Ахуырады къабазы та сæрмагонд ахуыртæ аразын хъæуы специалистты дæсныйад уæлдæр кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania