филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:26 понедельник, 13 мая 2024
02 февраля 2024, 12:07
Республикæйы æхсæнадон транспорты къабаз хъæуы рацаразын

Йæ къæпхæнты *хсæн – маршрутон хызы оптимизаци, стæй транспорт сног кæнын

Республикæйы æхсæнадон транспорты къабаз хъæуы рацаразын. Йæ къæпхæнты *хсæн – маршрутон хызы оптимизаци, стæй транспорт сног кæнын. Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, транспортон хыз рацаразинаг у, фæлæ ацы хъуыддаг æххæст кæнын хъæуы лæмбынæг. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Алы райсом дæр горæты бирæ цæрджытæн райдайы æрлæууæнтæй. Сергей Федосеев маршрутон таксийæ æдзух пайда кæны, уымæн æмæ трамваймæ бирæ æнхъæлмæ кæсын фæхъæуы. Фæлæ маршруткæты уавæрмæ æмæ куыд арæх цæуынц, уымæ дæр бирæ фарстатæ ис.

Республикæйы транспортон реформæ саразыны пълæнтты тыххæй ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло. Архайдтой дзы профилон ведомствæты, муниципалитетты æмæ адæмы чи ласы, уыцы куыстуæтты минæвæрттæ. Фыццаджыдæр, ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн бакуыстой транспортон пълан кæныны моделыл. Фыст дзы ис, бæлццæтты ласыны райрæзтæн цы скæнын хъæуы, уый тыххæй алцыдæр 2032-æм азы онг.

Транспортон пълан кæныны документтыл бакуыстой наукон-иртасæн куыст сæххæстгæнгæйæ. Фидаргонд æрцыдысты. Уыдонмæ гæсгæ маршрутон хыз оптимизацигонд æрцæудзæн. Цавæрдæр маршруттæ кæй сисдзысты, уый тыххæй информаци адæмы мæты бафтыдта. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд бамбарын кодтой, афтæмæй сæ нысан у, фæкъаддæр кæнын нæ, фæлæ оптимизаци скæнын. Ныртæккæ уал горæты транспорт раздæрау  кусы.

Реформæйы иу къæпхæн ма у транспорт сног кæнын. Дзæуджыхъæуы бæлццæтты ласæн автомобильтæ æххæстæй баивынæн хъæуы балхæнын 257 иуæджы. Ныртæккæ лизингы райстой 28 автобусы – ПАЗ Вектор Next, 7 ма балхæдтой сæрмагонд кредиттæм гæсгæ, мартъийы кæронмæ ма  горæт хъуамæ райса маркæ «СимАз»-ы 25 автобусы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania