филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:58 суббота, 04 мая 2024
08 ноября 2022, 11:25
Республикæйы бындурон цалцæджы фæстæ æдæппæтæй байгом 10 скъолайы

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр

Республикæйы бындурон цалцæджы фæстæ æдæппæтæй байгом 10 скъолайы. Ахуырадон процесс дзы алкæцыйы дæр раздæхтой йæ раздæры фæткмæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр. Ноябры кæронмæ ма фæнд кæнынц ноджыдæр 5 скъолайы байгом кæнын. Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй ацы мæйæ фæстæмæ методисттæ æмæ хъомылгæнджытæ фæсурокты куысты тыххæй райдайдзысты 7 мины онг уæлæмхасæн фæрæзтæ исын. Æмбырды ныхас цыди æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны программæйыл дæр. Сергей Меняйло арæзтады министрадæн бахæс кодта, цæмæй цæрæнуат райсыны бар кæмæн ис, æмæ дзы чи нæма спайда кодта,  программæйы архайджытимæ дарддæр кусой. Компенсацийы иумæйаг бæрц у 198 милуан сомы. Бæрнон кусджытæ æрдзырдтой республикæйы хъармгæнæн системæйы куыстыл дæр. 15-æм ноябры онг æппæт муниципалон скондтæ дæр хъуамæ райсой цæттæдзинады паспорттæ. Фæлæ, бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ, Дигорайы æмæ Беслæны хъармгæнæнтæн цæттæдзинады акттæ нæ радтой. Сергей Меняйло  бадомдта уавæр равзарын, стæй районты сæргълæуджытæн бауынаффæ кодта, æрвылбон объекттыл зилын æмæ сæвзæрд къуылымпыдзинæдтыл æвæстиатæй кусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania