филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:10 пятница, 03 мая 2024
19 марта 2024, 11:56
Республикæйы Сæргълæууæг фембæлд æвзæрстыты бæрнон кусджытæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттимæ

Мадзалы архайдтой фæсивæдон Парламенты æмæ гвардийы уæнгтæ, волонтертæ, стæй Владимир Путины бæрнон адæм

Æхсæнадон æххуысы штабы республикæйы Сæргълæууæгæн фембæлд уыди æвзæрстыты бæрнон кусджытæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттимæ. Мадзалы архайдтой фæсивæдон Парламенты æмæ гвардийы уæнгтæ, волонтертæ, стæй Владимир Путины бæрнон адæм. Фембæлды сæйраг нысан – Цæгат Ирыстоны æвзæрстыты хатдзæгтыл æрдзурын. Республикæйы Сæргълæууæг æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Сергей Меняйло арфæ ракодта, æвзрæстыты цыдмæ бар чи дардта, уыдонæн се ппæтæн дæр. Уымæй уæлдлай, фембæлды архайджытæн уыди регионы разамонæгмæ фæрстытæ радтыны фадат. Адæмы цы хъуыддæгтæ тыхсын кæнынц, уыдоны хсæн – социалон фарстатæ, волонтерты организациты архайд æмæ æндæртæ.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania