филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:27 воскресенье, 19 мая 2024
14 февраля 2023, 11:35
Робототехникæйæ фыццаг бынат бацахсыны фæлгæты, Мæздæджы кванториумы сарæзтой чемпионат «Робо-сумо»

Роботтæ скодтой фæсивæд сæхæдæг, робокванториумы ахуыры рæстæг

Робототехникæйæ фыццаг бынат бацахсыны фæлгæты, Мæздæджы кванториумы сарæзтой чемпионат «Робо-сумо». Роботтæ скодтой фæсивæд сæхæдæг, робокванториумы ахуыры рæстæг. Æдæппæтæй æрысты архайдтой 8 командæйы. Се хсæн – центр «Точка роста»-йы зонындзинæдтæ цы скъоладзаутæ райстой, уыдон дæр. Робототехникæ у кванториумы парахатдæр дæсныйадтæй иу. Бацархайын дзы æмæ роботтæ куыд арæзт сты, уый базонын фæнды бирæ сывæллæтты. Фæсивæдæй бирæтæ фидæны фæнд кæнынц инженертæ суæвын, цæмæй адæмы цардæн пайдайаг роботтæ аразой, уый тыххæй. Роботты ерысмæ бакæсынмæ æрбацыдысты канд сывæллæттæ нæ, фæлæ ма сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Ахæм ерыстæ кванториумы фæнд кæнынц традицион кæнын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania