филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:42 воскресенье, 12 мая 2024
30 августа 2023, 14:00
РЦИ-А-йы хицауады сæрдар Дзанайты Барис йæ хæдивджытимæ сарæзта æмбырд

Сæйраг темæты хсæн – национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды рауадзын, социалон ахсджиаг объектты арæзтад æмæ цалцæг, федералон центры æххуысæй, стæй бюджеты фарстатæ

РЦИ-А-йы хицауады сæрдар Дзанайты Барис йæ хæдивджытимæ сарæзта æмбырд. Сæйраг темæты хсæн – национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды рауадзын, социалон ахсджиаг объектты арæзтад æмæ цалцæг, федералон центры æххуысæй, стæй бюджеты фарстатæ.

Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны хицауадæн Сергей Меняйло сæ размæ бирæ хæстæ сæвæрдта, цæмæй республикæйы социалон – экономикон рæзт зынгæ фæхуыздæр уа, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ вице – премьерты æмæ алыхуызон къабæзты минæвæртты куыст у ахсджиаг. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Хицауады сæрдар йæ хæдивджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы сæйраг финансон документыл куыст цы ахсджиаг у, уый дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидæны азмæ бюджет аразгæйæ, хъæуы регионы рæзты фыццаградон нысантæ сбæлвырд кæнын. Уыдон та сты – социалон политикæ, æнæниздзинадхъахъхъæнынады объектты лæггæдтæ фæахадгæдæр кæнын, ахуырад, культурæ, спорт, социалон фиддонтæ æмæ адæмы цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania