филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:05 четверг, 02 мая 2024
15 июня 2022, 13:07
Рухс федта зындгонд фæндырцæгъдæг Хадыхъаты Аллæйы фыст нотæты чиныг

Æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты Аллæйæн йæхи фыст композицитæ

Ирыстоны музыкалон скъолаты ахуырдзаутæн ма фæзынд иу фадат фæндырæй цæгъдын æнцондæрæй базонынæн. Рухс федта нæ республикæйы зындгонд фæндырцæгъдæг Хадыхъаты Аллæйы фыст нотæты чиныг. Æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты Аллæйæн йæхи фыст композицитæ. Се хсæн алы жанрты музыкæ. Уæвгæ, Аллæйы ацы куыст дæр хицæн кæны, йæ рæдау уды хай дзы кæй бавæрдта, уымæй. Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у. Хадыхъаты Аллæйы куысты тыххæй Сосранты Жаннæйы сюжет.

Хадыхъаты Аллæ æмхуызон хорз æмæ зæрдиагæй  фæцæгъды  фæндырæй куыд  бирæ адæмæн, афтæ йæ курдиатæй фæхайджын уæвын цы кæстæр фæлтæры фæнды, уыдонæн дæр. Уæвгæ хъуамæ æндæр хуызы дæр куыд уа, йæ царды æртын азы сывæллæтты хъомыладæн чи балæвар кодта, уыцы адæймаджы удыхъæд.

Дзæуджыхъæуы музыкалон скъолайы ахуырдзау Саулохты Аллæ Дзæуджыхъæуы музыкалон скъолайы ахуыр кæны фæндырæй цæгъдыныл. Аллæйы сфæлдыстад йæ зæрдæмæ хæстæг у, æмæ йын йæ чиныг у лæварау, зæрдиагæй дзы пайда кæны. Уымæй хуыздæр хорз та нæ хъæуы чиныг саразæджы.

Ирыстоны музыкалон скъолаты ахуырдзаутæн ма фæзынд иу фадат  фæндырæй цæгъдын æнцондæрæй базонынæн. Рухс федта нæ республикæйы зындгонд фæндырцæгъдæг Хадыхъаты Аллæйы фыст нотæты чиныг. Æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты Аллæйæн йæхи фыст композицитæ.  Се хсæн алы жанрты музыкæ. Уæвгæ, Аллæйы ацы куыст дæр хицæн кæны, йæ рæдау уды хай дзы кæй бавæрдта, уымæй.

Уæвгæ, Аллæйы ныхæстæм гæсгæ, нотæты чиныг саразыны хъуыды йæм сæвзæрын кодта Гæздæнты Булат. Æмæ Аллæ бацархайдта, цæмæй чиныгимæ æнцон архайæн уа хистæркъласонтæн.

Хадыхъаты Аллæйы чи зоны, уыдон иуы хуызæн зæгъынц, Аллæ цы хъуыддагыл куса, уый вæййы æнæбафæзмгæ. Габеты Эммæ йæ зоны дæсгай азты, æмæ йын стыр аргъ кæны йæ рæдау удæн, йе сфæлдыстадон курдитæн.

Йæ царды сæйраг нысан – Ирыстоны фидæны фæлтæрты райдзаст цардмæ æвæрæн бахæссын. Уыимæ традицитæ æмæ культурæ бахъахъхъæнынæн гæнæнтæ агурын. Уыцы хъуыддæгтыл архайгæйæ, æвæллайгæйæ, цæуы царды асинтыл бирæ хæрзиуджытæ хицау , йæ цард аивадæн чи лæвар кæны, уыцы Хадыхъаты Рамазаны чызг Аллæ. Уæдæ йæ фидæны фæндтæ йæ къухы куы бафтой, уæд та ма Ирыстоны сфæлдыстады хæзнадон ноджыдæр фæхъæздыгдæр уыдзæн цымыдисаг æрмæджытæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania