02 апреля 2024, 12:06
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн баххуыс кæнынæн патриотон акци арæзт æрцыд Мæздæджы 5-æм скъолайы
Волонтерты отряд «Зæрдæйæ зæрдæмæ»-йы хъæппæрисæй бацæттæ кодтой сæрмагонд æмбырдгондтæ
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн баххуыс кæнынæн патриотон акци арæзт æрцыд Мæздæджы 5-æм скъолайы. Волонтерты отряд «Зæрдæйæ зæрдæмæ»-йы хъæппæрисæй бацæттæ кодтой сæрмагонд æмбырдгондтæ. Уыдоны уыд хи хсынæн алыхуызон фæрæзтæ. Акцимæ се вæрæн бахастой районы 11 скъолайы, стæй национ-культурон æхсæнад «Русь»-ы активисттæ. 5-æм скъолайы волонтерты отряды разамонæг Елена Кузнецова бацамыдта пакетиктæ куыд æмбырд кæнын хъæуы, уый, æмæ куыст уайтагъд йæ тæмæны бацыд. Цыбыр рæстæгмæ сцæттæ кодтой 2 мин æмбырдгонды. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ сæ бахæццæ кæндзысты хæстæгдæр рæстæг.