филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:16 воскресенье, 28 апреля 2024
25 марта 2024, 11:57
Сергей Меняйло æвæстиатæй сарæзта оперативон штабы æмбырд

Хаст æрцыд, æхсæнадон бынæтты хъахъхъæнынад фæтыхджындæр кæныны уынаффæ

Майрæмбоны, трагеди куы æрцыд, уый фæстæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æвæстиатæй сарæзта оперативон штабы æмбырд. Хаст æрцыд, æхсæнадон бынæтты хъахъхъæнынад фæтыхджындæр кæныны уынаффæ. Дыккаг бон та арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы иумæйаг æмбырд. Рахастой уынаффæ, скъолаты цур лагерьты куыст бауромын – уыдон фæархайынц каникулты рæстæг. Хæстæгдæр бонты æппæт культурон-дзыллон мадзæлттæ ист æрцыдысты. Цæгат Ирыстонмæ æмæ Дзæуджыхъæумæ бацæуæнты постытæ фæтыхджындæр кодтой. Сæрмагонд бардзырды онг республикæйы сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы æдзухдæр кусдзæн радхæссæг къорд. Уырдæм лæвæрд цæудзæн æппæт оперативон информаци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania