филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:37 вторник, 07 мая 2024
05 октября 2023, 11:35
Сергей Меняйло фембæлд æмæ ахуырады къабазы кусджытæн радта хæрзиуджытæ

«Ирыстоны намыс»-ы майданæй хорзæхгонд æрцыдис Дзæуджыхъæуы 30-æм скъолайы директор Хъараты Людмилæ

Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц ахуыргæнæджы бон. Йæ кадæн нæ республикæйы дæр цæуынц сæрмагонд мадзæлттæ. Афтæ, Сергей Меняйло фембæлд æмæ ахуырады къабазы кусджытæн радта хæрзиуджытæ. Рæзгæ фæлтæры ахуырад æмæ хъомыладмæ стыр æвæрæн бахæссыны тыххæй «Ирыстоны намыс»-ы майданæй хорзæхгонд æрцыдис Дзæуджыхъæуы 30-æм скъолайы директор Хъараты Людмилæ. Цалдæр педагогы ма райстой риуылдаргæ нысантæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Сæргълæууæг ахуыргæнджытæн арфæ ракодта сæ профессионалон боны фæдыл. Куыд загъта, афтæмæй сывæллоны раст фæндагмæ ракæныны хъуыддаджы ахсджиаг бынат ахсы ахуыргæнæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania