филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:07 пятница, 10 мая 2024
24 августа 2023, 12:55
Сергей Меняйло «Ирыстоны намысы» майданæй схорзæхджын кодта Хуссар æфсæддон зылды 58-æм æфсады 42-æм дивизийы 291-æм полчы кæстæр сержант Гаглойты Аланы

Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ хицауады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй не мзæххон службæгæнæг уыцы кады аккаг сси, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы йе фсæддон хæс иттæг хорз кæй æххæст кæны, уый тыххæй

Сергей Меняйло «Ирыстоны намысы» майданæй схорзæхджын кодта Хуссар æфсæддон зылды 58-æм æфсады 42-æм дивизийы 291-æм полчы кæстæр сержант Гаглойты Аланы. Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ хицауады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй не мзæххон службæгæнæг уыцы кады аккаг сси, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы йе фсæддон хæс иттæг хорз кæй æххæст кæны, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг раарфæ кодта Гаглойты Аланæн, ахæм бæрзонд паддзахадон хæрзиуæджы тыххæй. Уый нысан кæны æрмæстдæр иу хъуыддаг – Алан тохы быдыры æвдисы лæгдзинад, бæрнондзинад æмæ фидар удыхъæд. Йæ зæрдæ йын загъта æнæниздзинад æмæ æнтыстдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania