филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:20 четверг, 23 мая 2024
08 августа 2023, 11:39
Сергей Меняйло кусæг балцы уыд Мæздæджы районы

Фембæлд Чысыл Малгобекы æмæ Предгорныйы цæрджытимæ

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло кусæг балцы уыд Мæздæджы районы. Фембæлд Чысыл Малгобекы æмæ Предгорныйы цæрджытимæ. Ацы хъæуты хæдзæрттæ сты, ламидæттæй тæссаг кæм у, ахæм зонæйы. Сергей Меняйло фехъусын кодта, республикæйы разамынды фæндты кæй ис, къæпхæнгай ацы бынатæй адæмы раивыны фарста лыг кæнын. Бирæ азты цы уавæр хъыгдардта, уый сраст кæнынæн ныртæккæ  æмбæлгæ мадзæлттæ арæзт цæуынц.  Регионы сæргълæууæг федта, ламидæттæй хъыгдард цы хæдзæрттæ æййафынц, уыдон. Арæзтады æмæ архитектурæйы министрадæн бабар кодта хъæутæм специалистты арвитын, цæмæй цæрæнуæттæн скæной бæлвырд анализ æмæ æмбæлгæ документаци сфидар кæной. Мæздæджы районы ма ис цалдæр ахæм зонæйы. Æдæппæтæй та 143 хæдзары. Чысыл Малгобекы æмæ Предгорныйы цæрджытæ республикæйы сæргълæууæгæн раарфæ кодтой, ацы фарстамæ йе ргом кæй раздæхта, уый тыххæй. Радзырдтой ма йын æндæр риссаг фарстаты тыххæй. Сæрмагондæй, хæрзхъæд медицинон æххуыс æмæ медикаменттæ нæй, фæндæгтæ хъæуы цалцæг кæнын. Уымæй уæлдай Чысыл Малгобекы зындзинæдттæ æййафынц нуазæн донимæ. Хъæуы скъолайы автобус, цæмæй сывæллæттæ ахуыргæнæндонмæ æдасæй хæццæ кæной. Æппæт фарстатæ Сергей Меняйло йæхицæн фæнысан кодта. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ абон алыхуызон тæссаг геологон процесстæм æмхиц сты республикæйы  5 районы 11 хъæуы. Уыцы территоритæй адæмы раивынæн хъæуы миллиард сомæй фылдæр. Ныртæккæ куыст цæуы, ацы хъуыддагæн фæрæзтæ кæцæй райсой, уый сбæрæг кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania