филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:28 пятница, 03 мая 2024
03 апреля 2024, 12:19
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд «Движение первых»-ы регионалон координацион советы æмбырд

Боны фæткмæ рахастой æхсæнадон змæлды рæзты ахадындзинады, стæй регионалон хайады материалон-техникон бындур фидардæр кæныны фарста

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд, сывæллæтты æмæ фæсивæды æхсæнадон паддзахадон змæлд «Движение первых»-ы регионалон координацион советы æмбырд. Боны фæткмæ рахастой æхсæнадон змæлды рæзты ахадындзинады, стæй регионалон хайады материалон-техникон бындур фидардæр кæныны фарста. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй сывæллæттимæ æмæ фæсивæдимæ куыстмæ хъæуы бæрнон цæстæй кæсын. Уымæй дарддæр хъæуы змæлды алы архайæджы хъуыды дæр хынцын. Абон ахсджиаг у фæсивæдмæ хъусын, цæмæй æнкъарой, сæ хъуыдытæ æмæ архайд ахсджиаг кæй сты, уый. Хатгай вæййынц сæйраг архайджытæ, – загъта регионы разамонæг. Видеоконференцийы хуызы ма æмбырды архайджытæн раарфæ кодта «Движение Первых»-ы Департаменты разамонæг Ксения Янова. Уый арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны разамындæн, сывæллæтты æмæ фæсивæды царды активонæй кæй архайы, уый тыххæй. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй абон республикæйы кусынц бирæ организацитæ рæзгæ фæлтæры курдиат раргом кæнынæн. Регионы разамонæг ма аныхас кодта змæлды дыккæгæм Æппæтуæрæсеон Съезды чи архайдта, не делегацийы уыцы уæнгтимæ. Уыдон Сергей Меняйлойæн радзырдтой се нкъарæнты æмæ фидæнмæ нысанты тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, змæлд Движение Первых фæзынд 2022-æм азы июлы, Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ.  У нæ бæстæйы егъаудæр змæлд сывæллæттæн æмæ фæсивæдæн. Цæгат Ирыстоны йæ хыгъды ис 31 мин адæймаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania