21 марта 2026, 10:18
Скъола «Интеллекты» ацыд футболон клуб «Алани»-йы минæвæрттимæ фембæлд
Се *хсæн – Багаты Алан, Гаглойты Тарас æмæ Биазырты Давид
Скъола «Интеллекты» ацыд футболон клуб «Алани»-йы минæвæрттимæ фембæлд. Се *хсæн – Багаты Алан, Гаглойты Тарас æмæ Биазырты Давид. Мадзал сарæзтой Фыццæгты æппæтуæрæсеон змæлды сæрмагонд программæ «Классные встречи» æххæстгæнгæйæ. Скъоладзаутæй алкæмæн дæр фадат уыд футболисттæм фарстытæ раттынæн æмæ сын дзуæппытæ райсынæн. Спортсментæ дзырдтой сæ профессионалон фæндаджы тыххæй, бæстон æрлæууыдысты æнæниз цардыуаг æмæ спорты ахсджиагдзинадыл. Ахæм фембæлдтытæ зындгонд адæймæгтимæ скъолайы арæх саразынц. Алкæцыдæр сæ сывæллæтты зæрдæты сæвзæрын кæны ирд æнкъарæнтæ.
темæмæ гæсгæ




