филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:23 понедельник, 06 мая 2024
30 мая 2023, 11:49
Скъолаты рауагъдонтæ райдыдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæттын

Знон уал ацыд уырыссаг æвзагæй иумæйаг фæлварæн

Скъолаты рауагъдонтæ райдыдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæттын. Знон уал ацыд уырыссаг æвзагæй иумæйаг фæлварæн. Нымад у, аттестат райсынмæ æнæмæнгæй цы фæлварæн хъæуы, уыдонæй иуыл. Кæронбæттæн иртæстыты архайынц 3684 иуæндæсæмкъласоны æмæ 41 адæймаджы Хуссар Ирыстонæй. Фæлварæнтæ нæ республикæйы цыдысты 17 сæрмагонд бынаты. Куыд раздæры азты, афтæ ацы хатт дæр аудиториты ис видеоцæстдарды системæ. Ахуырады æмæ наукæйы министрады та кусы сæрмагонд телефон иумæйаг паддзахадон фæлварæны фарстаты фæдыл. Уæ бон у бадзурын ахæм номырмæ — 53-49-40.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania