филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:50 суббота, 11 мая 2024
31 августа 2023, 13:37
«Служение Отечеству и ответственность за его судьбу. Морально-нравственный аспект»: ацы темæимæ баст æмбырд  арæзт æрцыд пысылмæтты республикон управленийы хъæппæрисæй

Йæ куысты архайдтой Хицауады уæнгтæ, æхсæнадон организациты æмæ Цæгат Кавказы пысылмæтты управленийы минæвæрттæ

«Служение Отечеству и ответственность за его судьбу. Морально-нравственный аспект». Ацы темæимæ баст æмбырд  арæзт æрцыд пысылмæтты республикон управленийы хъæппæрисæй. Йæ куысты архайдтой Хицауады уæнгтæ, æхсæнадон организациты æмæ Цæгат Кавказы пысылмæтты управленийы минæвæрттæ. Сергей Меняйлойы номæй æмбырды уæвджытæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæджы æмæ Хицауады аппараты разамонæг Гобеты Ибрагим. Куыд загъта, афтæмæй æмбырды темæ у ахсджиаг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон нæ фæсивæд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы сæхи хъæбатырæй æвдисынц. Уыцы лæппутæ сты æцæг патриоттæ.  Муфтий Гуæцæлты Хадзымурат радзырдта, ацы бонты Мæскуыйы кæй архайдта ацы темæимæ баст æппæтуæрæсеон конференцийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania