филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:49 понедельник, 02 ноября 2026
31 июля 2026, 11:38
Ставд-Дурты, Ираныхъæуы æмæ Даргъ-Кохы бындуронæй цалцæг кæнынц сколатæ

Куыстыты хæрзхъæддзинадæн аргъ скодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

Ставд-Дурты, Ираныхъæуы æмæ Даргъ-Кохы бындуронæй цалцæг кæнынц сколатæ. Раздæр сæм-иу уæлæнгай базылдысты. Бындурон рацарæзт цæуы, национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ» æххæст кæнгæйæ. Куыстыты хæрзхъæддзинадæн аргъ скодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Елхоты хъæуы рæвдауæндоны хъомылгæнингтæн  национ дарæс цы хъазæнтыл ис, уыдон сты æппæтæй уарзондæр.  Скъолайы агъоммæйы æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты куыстæн аргъ скæныныны тыххæй Кировы районмæ ацыд ахуырады æмæ зонады министр. Алыбекты Эллæ сбæрæг кодта санитарон домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый, аныхас кодта сывæллæттæ æмæ хъомылгæнджытимæ.

Ставд-Дурты скъолайы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны. Райдыдтой сæ мартьийы. Бæстыхай арæзт æрцыд 1939-æм азы, фæстæг хатт цалцæггонд æрцыд 67 азы размæ. Специалисттæ райхæлдтой зæронд пъолтæ, ивынц ахуыргæнæдоны сæр æмæ инженерон коммуникацитæ.  Кировы районы администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сног кæндзысты бæстыхайы æддаг къул. Цалцæджы рæстæг сывæллæтты раивтой культурæйы галуанмæ — ног ахуыры аз  партæты раз æрбаддзысты 66 скъоладзауы.

Ираны скъолайы ныридæгæн цæттæ у хъармгæнæн системæ, ивд æрцыдысты коммуникацитæ, æвæрынц дуæрттæ.  Ахуыргæнæндоны зонындзинæдтæ исы 41 сывæллон. Бындурон цалцæг дзы цæуы фыццаг хатт.

Алыбекты Эллæ æмæ Батиаты Хъазыбег сбæрæг кодтой цалцæггæнæн куыстыты цыд Даргъ-Къохы, аныхас кодтой прораб æмæ директоримæ.

Даргъ-Къохы, Ставд-Дурты æмæ Ираны скъолаты бындурон цалцæг цæуы национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ» æххæстгæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania