филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:35 среда, 08 мая 2024
25 января 2023, 12:30
Студенты, кæнæ сыгъдæг Татьянæйы бон фæсивæдæн сæ зæрдæйы арф бынат ахсы

Уымæн æмæ студентон азтæ се ппæтæн дæр уæлдай уарзондæр сты

Студенты, кæнæ сыгъдæг Татьянæйы бон фæсивæдæн сæ зæрдæйы арф бынат ахсы. Уымæн æмæ студентон азтæ се ппæтæн дæр уæлдай уарзондæр сты. Нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ дæр нырма у студенткæ. Ацы темæйыл бацæттæ кодта сюжет, æмæ йæм бакæсæм.

Нæ республикæйы абон бæрæг кæнынц сыгъдæг Татьянæйы бон. Фæхонынц ма йæ студентты бон дæр, уымæн æмæ Татьянæйы мысæн бон, 1755 аз равзæрд Мæскуыйы паддзахадон университет. Зæгъæн ис, æмæ студенты цардæй хъæлдзæгдæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр нæй. Нæ республикæйы студенттæй бирæтæ ахуыры рæстæг æмæ ахуыры фæстæ ацæуынц кусынмæ сæ дæсныйадмæ гæсгæ.

Ныртæккæ студенттæ уыцы иу рæстæг ахуыр дæр кæнынц æмæ кусгæ дæр. Фылдæр хатт сæ куыст баст вæййы сæ дæсныйадимæ. Зæгæъæм, æз ахуыр кæнын ирон филологийы факультеты. Ахуыры фæстæ æрбацæуын паддзахадон телерадиокомпанимæ æмæ мæ боны дыккаг хай та арвитын ам.

Æмæ йæ бон афтæ дыууæ дихы чи кæны, уыдон бирæ сты. Сабеты Азæмæт у Хæххон металлургон иституты архитектурон – арæзтадон факультеты 4-æм курсы студент. Фæлæ ма арæзтадон куыстытæй уæлдай уарзы кафын. Лæппу арæхстджынæй бæтты дыууæ куысты дæр. Ис ын йæхи ансамбль «Фадат». Уым йæ зонындзинæдтæ лæвар кæны курдиатджын кæстæртæн.

Сабеты Азæмæт, Хæххон металлургон институты архитектурон-арæзтадон факультеты 4-æм курсы студент: «Кафын куы райдыдтон, уæд цæхæртæ скалдтон. Кафтæй æмæ зардæй мын бафсæдæн нал уыд. Репециты рæстæг сывæллæтты афтид кафын нæ ахуыр кæнын, фæлæ ма сын амонын æгъдауы хъуыддæгтæ дæр».

Кæд бирæ студенттæ ахуыры фæстæ кусгæ нæ кæнынц, уæддæр сæ рæстæг дзæгъæлы не рвитынц. Зæгъæм, ЦИПУ-ы 4-æм курсы студент Хъызынты Дзамболат у спорты мастер. Физикон хъомылады факультет дæр хуымæтæджы нæ равзæрста. Фæнды йæ йæ цард спортимæ сбæттын. Куыд зæгъы, афтæмæй йын æнтысы.

Хъызынты Дзамболат, ЦИПУ-йы физикон хъомылады факультеты 4-æм курсы студент, спорты мастер: «Ацы спорты хуызмæ мæ æрбакодта ме фсымæр, гыццыл ма куы уыдтæн, уæд. Ахуырмæ куы бацыдтæн, уæд мын дзы бирæ æмбæлттæ фæзынд. Уыдонимæ мын хъæлдзæгдæр уыд. Мæ зæрды ис олипаг чемпион суæвын. Мæхиуыл кусдзынæн, цæмæй мæ къухы бафта».

Нæ республикæйы курдиатджын фæсивæд бирæ сты. Ахуыр кæнгæйæ сын алы къабæзты ис бирæ æнтыстдзинæдтæ. Мырыкаты Артемий истори ахуыр кæны тынг цымыдисæй. Зоны сыгъдæг Татьянæйы царды тыххæй дæр.

Артемий ахуыр кæны 1-æм курсы, фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй студенты цард йæ зæрдæмæ тынг цæуы. Кæны иртасæн куыстытæ дæр.
Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ сыгъдæг Татьянæйы бон вæййы сессийы рæстæг. Студенттæ ацæуынц аргъуанмæ, скувынц æмæ сæвæрынц сойын цырæгътæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania