филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:34 воскресенье, 19 мая 2024
07 марта 2023, 11:55
Суворовон æфсæддон училищæйы уыд гом дуæртты бон

Хъомылгæнинæгты ныййарджытæн, стæй сæ сывæллæтты ардæм ахуыр кæнынмæ раттын чи фæнд кæны, уыдонæн сарæзтой экскурси, бацæттæ сын кодтой концерт, радзырдтой ахуырадон процессы тыххæй

Нырыккон бæстыхæйтты комплекс, стыр хæрæндон æмæ 400 ахуырдзауæй фылдæр. Цæгат Кавказы Суворовон æфсæддон училищæйы уыд гом дуæртты бон. Хъомылгæнинæгты ныййарджытæн, стæй сæ сывæллæтты ардæм ахуыр кæнынмæ раттын чи фæнд кæны, уыдонæн сарæзтой экскурси, бацæттæ сын кодтой концерт, радзырдтой ахуырадон процессы тыххæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Гом дуæртты бон Суворовон училищæйы актон залы къух бакæнæн нæй. Ам сты хъомылгæнинæгты ныййарджытæ, стæй сæ сывæллæтты ардæм ахуыр кæнынмæ радтын чи фæнд кæны, уыдон. Конкурс – иу бынатмæ 5 адæймаджы онг, æфсæддон училищæйы ахуыр кæныны кад азæй-азмæ бæрзонддæр кæны. Сывæллæттæ сценæйæ уазджытыл æмбæлынц патриотон композицитимæ, адæмон кæфтытимæ æмæ ма суанг вальсимæ дæр – суворовонтæ хъуамæ иттæг хорз зоной æрмæст сæрмагонд дисциплинæтæ нæ, фæлæ ма хи дарыны æгъдæуттæ дæр.

Лев Буханевич у Суворовон училищæйы 7-æм къласы ахуырдзау. Цалынмæ йæ фыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы ис, уæдмæ лæппу ахуыр кæны æфсæддон хъуыддаджы сусæгдзинæдтæ. Фæнды йæ йæ фыды цардвæндагыл ацæуын. Æрæджы Лев сси конкурс «Наукæмæ къæпхæны» лауреат.

Ахуыргæнæндоны уазджытæн сарæзтой экскурси. Суворовонты уæлæдарæсы комплекттæй 620 бынатæн хæрæндоны онг сын алцыдæр равдыстой. Ахуырдзаутæ цæрынц дыууæбынатон агъуыстыты, бон 6 хатты хæрынц, ис уæлæмхасæн ахуырады корпус, медицинон пункт, æмбæрзт спортивон комплекс. Ног бæстыхай байгом кодтой 2020-æм азы сентябры.

Марина Шадури у физикæйы ахуыргæнæг. Йæ радон урочы сывæллæттæн æмбарын кæны зæлон резонансы хицæндзинæдтæ, уый фæстæ та зары сценæйы, æмæ йæ хъæлæс адæмы зæрдæтæм арф ахизы.

Хæрзхъæд ахуырады бындур аразгæ у дæсны педагогтæй æмæ нырыккон материалон-техникон фæрæзтæй. Нырыккон кусæнгæрзтæй ифтонг бæлвырд наукæты кабинеттæй уæлдай ма, суворовонтæ ахуыр кæнынц лингафонон кабинеты, кæфтыты, авиамоделированийы, робототехникæйы æмæ автомобилон хъуыддаджы кълæсты, ис электрон тир дæр. Спортивон цæттæдзинадæн училищæйы ис скалодром, тренажерты зал, фæнд кæнынц бассейн саразын. Алывæрсыг райрæзт у ахуырады бындур.

Ныртæккæ училищæйы ахуыр кæны 411 хъомылгæнинаджы Уæрæсейы 18 регионæй, стæй Хуссар Ирыстонæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania