филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 пятница, 19 июня 2026
24 марта 2026, 10:36
Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театр бацæттæ кодта уалдзæджы сæйраг премьерæ – Айларты Асæхмæты пьесæмæ гæсгæ спектакль «Хамасхортæ»

Йæ режиссер-æвæрæг у Дзудцаты Тамерлан

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театр бацæттæ кодта уалдзæджы сæйраг премьерæ – Айларты Асæхмæты пьесæмæ гæсгæ спектакль «Хамасхортæ». Йæ режиссер-æвæрæг у Дзудцаты Тамерлан. Сатирикон постановкæйы сурæттыл бакуыстой театры сæйраг актертæ. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Спектакль «Хамасхортæ» ирдæй равдыста, адæм æргомæй цæуыл нæ фæдзурынц, ахæм сусæг хъуыдытæ. Пьесæйы автор худы, æхсæнады цы хабæрттæ цæуынц, уыдоныл. Хатгай спайда кæны гротескæй, цæмæй пьесæ театрдзаутæн суа зæрдæмæдзæугæдæр. Спектакль цымыдисаг у, уацмысы автор сæйраг хъайтарты сурæттæй иу йæхæдæг кæй сарæзта, уымæй дæр.

Гæбыцаты хæдзары цæуынц цыдæр æнахуыр хабæрттæ. Бинонты хистæр у тыхст рынчын. Фæзынд æм Барастыр æмæ йын фехъусын кодта йæ низæй фервæзыны мадзал: хистæры уатмæ чи *рбацæуа, уый кæд барвæндæй сразы уа йæ цард раттыныл, уæд рынчын сдзæбæх уыдзæн. Комеди худы адæймаджы æппæрцæг миниуджытыл. Театрдзауты аныгъуылын кæны уды хъæндзинæдтыл хъуыдыты. Ахæм литературон фæрæзты руаджы Айларты Асæхмæт æвдисы, æхсæнады цавæр хæзнатæн хъæуы аргъ кæнын, уый.

Черчесты Дианæйæн Айларты Асæхмæты сфæлдыстад рагæй зындгонд у. Цæгат Ирыстоны адæмон æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæйæн йæ фыццаг роль дæр уыдис уыцы авторы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектаклы. Ныр та бакуыста, æнæнхъæлæджы хъæуы тагъд æххуысы дохтыр чи сси, ахæм фельдшеры сурæтыл.

«Хамасхорты» сюжет театрдзаутæ сæ зæрдæтæм хæстæг айстой. Пьесæ хуымæтæг комеди нæу, фæлæ адæмаджы хъæндзинæдтæ *вдисæг царды аидæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania