филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:37 вторник, 03 ноября 2026
12 сентября 2026, 10:00
Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр цæттæ кæны премьерæ

Æвæрынц Федерико Гарсиа Лоркæйы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Бернарда Альбæйы хæдзар»

Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр цæттæ кæны премьерæ. Æвæрынц Федерико Гарсиа Лоркæйы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Бернарда Альбæйы хæдзар». Актертæ бавнæлдтой сценарий кæсынмæ. Спектакль æвæры режиссер Челæхсаты Эдуард. «Бернарда Альбæйы хæдзар» у трагикон пьесæ. Сæйраг хъайтар у тызмæг сылгоймаг. Йæ 5 чызджы дары карз уавæрты. Ахæм уагæвæрд цавæр фæстиуджытæм расайдзæн, уый аивадуарзджытæн радзурдзысты ног, 91-æм театралон сезоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania