16 апреля 2026, 10:35
Театры æмæ кинойы актрисæ Юлия Дробот бабæрæг кодта Алайнаг гимназ
Фыццæгты змæлды Æппæтуæрæсеон проект «Скъолаты классикæ» æххæст кæнгæйæ, ахуырдзаутæн скодта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ
Театры æмæ кинойы актрисæ, Борис Щукины номыл театралон институты ахуыргæнæг Юлия Дробот бабæрæг кодта Алайнаг гимназ. Фыццæгты змæлды Æппæтуæрæсеон проект «Скъолаты классикæ» æххæст кæнгæйæ, ахуырдзаутæн скодта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Баст уыдысты театры историимæ, стæй куыд ахады адæймаджы миддунейыл, уыимæ. Этюдты æмæ хъазты практикæты уылты сывæллæттæн æмбарын кодта адæймаджы ахсджиагдæр миниуджытæ: Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, тæригъæд кæнын æмæ рæсугъддзинад уынын. Мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ хорзырдæм ахадынц хъомыладыл æмæ ахуырадон процессыл. Сфæлдыстад æххуыс кæны алывæрсыг адæймаг суæвынæн.
темæмæ гæсгæ




