филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:50 воскресенье, 05 мая 2024
17 апреля 2024, 19:56
Традицион хæзнатæ бахъахъхъæныныл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймура

Традицион хæзнатæ бахъахъхъæныныл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Архайдтой дзы æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамонджытæ, фæсивæдон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй национ-культурон æхсæнадты уæнгтæ. Ныхас цыд удварны хæзнатыл, адæмы иудзинадыл, патриотизмыл, истори хъахъхъæныныл æмæ фæлтæрты бастдзинадыл. Уæлдай æргом аздæхтой ахуырады системæйы æмæ дзыллон информацийы фæрæзты ахадындзинадмæ. Бæлвырддæр та – цавæр хæстæ æвæрд сыл ис регионты хсæн культурон бастдзинæдтæ фидардæр кæныны, стæй паддзахадон хицаудзинады æмæ граждайнаг æхсæнады хсæн хæлар ахастдзинæдтæ æнгомдæр кæныны хъуыддаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania