филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 понедельник, 23 ноября 2026
20 ноября 2026, 10:35
Цæгат Ирыстоны дарддæр æмбырд кæнынц, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты тыххæй документтæ æмæ æвдисæнтæ

Бинонты хуызистытæ, фыстæджытæ, хæрзиуджытæ æмæ хиуæтты мысинæгтæ свæййынц иумæйаг архивы хай

Цæгат Ирыстоны «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд æмæ республикæйы архивон службæ дарддæр æмбырд кæнынц, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты тыххæй документтæ æмæ æвдисæнтæ. Бинонты хуызистытæ, фыстæджытæ, хæрзиуджытæ æмæ хиуæтты мысинæгтæ свæййынц иумæйаг архивы хай. Абоны онг бакуыстой 320 хъуыддагыл. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ/

Паддзахадон архивы фонды ныридæгæн бацæттæ кодтой бынат ног æрмæгæн. Ног папкæтæ «хи хъуыддаг» фыстимæ æмбырд сты. Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты тыххæй æмбырд бæрæггæнæнтæ бæлвырдгонд æрцæуынц æмæ æрмæст уый фæстæ специалисттæ снысан кæнынц коллекцитæ. Æдæппæтæй уал бакуыстой 320 хъуыддагыл, 80-йы бæрцыл ма архайд цæуы. Нырма уал æппæтæй фылдæр информаци æрбацыд Дыгуры æмæ Кировы районтæй, зæгъынц архивы кусджытæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты тыххæй информаци æмбырд кæныны куыст фыццаг аз нæ цæуы. Хъæппæрис æххæстгонд цæуы республикæйы архивон службæйы æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды регионалон филиалы æмгуыстадмæ гæсгæ. Цæгат Ирыстоны, бæстæйы фыццаг регионты хыгъды райдыдтой ахæм æмархайд кæнын нырма 2023-æм азы сæрды.

Аланæ у Тарскæйы скъолайы ахуырдзау. Ис дзы сæрмагонд æфсæддон операцийы– ацы хъæуæй рацæугæ архайджыты кадæн музей. Хуызистыты хсæн чызджы хæстæджытæ дæр. Йæ мады цыппар хæрзæфсымæры сæрмагонд операцийы зонæйы сты фыццаг бонтæй. Абон Кобесты 3 хистæры æфсæддон хæс æххæст кæнынц кæстæр Роберты бæсты дæр. Уый фæмард 2023-æм азы декабры. Тох кодта Запорожьейы рдыгæй. Уыдис ын хæрзиуджытæ. Се хсæн Жуковы æмæ хъахъхъæнынады министрады майдантæ. Йæ фæстаг орден – Лæгдзинады тыххæй райста йæ амæлæты фæстæ.

Скъолайы музейы сты хæстоны дзауматæ дæр. Радтой сæ хиуæттæ, цæмæй йе сгуыхстдзинады тыххæй зона рæзгæ фæлтæр дæр. Роберты хистæр хотæ Зæлинæйæн æмæ Мананæйæн ам сæ бон сæ цæссыг уромын нæу. Кæстæр æфсымæры тыххæй сын ивгъуыд рæстæджы дзурын зын у. Иннæты хсæн уыд æппæтæй зæрдæхæлардæр, æрыгондæр æмæ хъæлдзæгдæр. Уыимæ æдзух кувынц, цæмæй хистæр æфсымæртæ тагъддæр æнæнизæй сæхимæ сыздæхой.

Кобестæ хорзыл банымадтой архивон службæйы æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды хъæппæрис. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уый ма у иу гæнæн се фсымæры тыххæй намыс бахъахъхъæнынæн. Роберты тыххæй хъæугæ информаци фæхæццæ кодтой специалисттæм. Арæхдæр сæрмагондæй æфсæддон операцийы архайджыты хæстæджытæ радтынц хъæугæ бæрæггæнæнтæ – биографийæ хæстон фæндаджы онг. Фонды социалон координатортæ ацы куыст ахадгæйæ æххæст кæнынц, куыд сæ кусæнуаты, афтæ хæстонты хæдзарттæм дæр ацæугæйæ

Иумæйаг проектмæ гæсгæ ног историйы паддзахадон архивы историон-политикон документацийы центры арæзт æрцыд иугонд архивон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ». Сæрмагондæй уым уыдзысты æфсæддон операцийы архайджыты тыххæй коллекцитæ, стæй ма 2 къабазмæ гæсгæ: «хæстонтæ-интернационалисттæ» æмæ «локалон хæстыты архайджытæ». Фидæны æмбырдгонд æрмæджытæй пайда кæнын сæ бон уыдзæн хъæбатырты биографитæ чи иртаса, уыдонæн. Гæнæн ис, æмæ ацы бæрæггæнæнтæ бацæудзысты наукон куыстытæм æмæ алыхуызон иртæстытæм. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныридæгæн ахæм цымыдис ис, конкурс «Æвзонг архивисты» цы скъолаты æмæ астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты ахуырдзаутæ архайынц, уыдонмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania