20 ноября 2026, 10:36
Цæгат Ирыстоны Ног азы агъоммæ фæтыхджындæр кодтой хихджын бæлæстæ хъахъхъæныны куыст
Хъусын кæнын республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад
Цæгат Ирыстоны Ног азы агъоммæ фæтыхджындæр кодтой хихджын бæлæстæ хъахъхъæныны куыст. Хъусын кæнын республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад. 16 ноябрæй райдыдтой рад хæссын Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Æрæфы районты хъæды хæдзарадты территорийы, сæ хыгъды Уыналы, Буроны, Дзывгъисы, Хъæрмæдоны æмæ Зæдæлескы. Мадзæлтты нысан у, ног азы бæрæгбæтты размæ ма бауадзын бæлæстæ æнæ закъонæй калын. Закъонхалджытæ æфхæрд æййафдзысты закъонмæ гæсгæ. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы национ проект «Экологи»-мæ гæсгæ.
темæмæ гæсгæ




